МХМ- Фæдæвзарæны фыццагон информацийæ,  Минделлийы  номыл  Шахтæйы трагедий,  иуæй-иу  тунелы  æнхъæлцау метаны  стынд   расидтис
МХМ- Фæдæвзарæны фыццагон информацийæ, Минделлийы номыл Шахтæйы трагедий, иуæй-иу тунелы æнхъæлцау метаны стынд расидтис

Фæдæвзарæны  фыццагон информацийæ, минделлийы   шахтæйы  иуæй-иу   тунелы,   æнхълцау  метаны   стынды  фæстиуæгæн  къулты деформацийы  тыххæй  æркалдис  цар –  уый фæдыл  информацийы  хæлиу кæны  МХМ.

Уагдоны хъусинагæй,   цауы  фæстиуæгæн фæмард 4 адæймаг  æмæ   зиæнттæ райстой  6.

«Цæугæ азы 16  июлы,  боныцъæхыл  «112»-мæ  æрбацыд  хъусинаг,  ома  сахар Тъхъибулы  Минделлий номыл  шахтæйы,   цалдæр адæймаг   райстой  зиæнттæ.    Хъусинаг райстæй  уайтагъд  мидхъуыддæгты министрады   æндæр æмæ æндæр департаменты   кусджытæ, ирвæзынгæнæн   куыст  æмæ   æнæаргъæвгæ медицинон  бригадæтæ  цауы бынатмæ  бацыдысты.

Фæдагуырды  фыццагон  информацийæ  шахтæйы иуæй-иу  тунелы, æнхъæлцау  метаны  стынды  фæстиуæгæн къулты деформацийы тыххæй  ныккалдис  цар.  Буары  уæззау  зиæнттæ райстой шахтæйы  4  кусæг, кæцытæ  зиæнтты фæстиуæгæн,  цауы бынатыл   æрбамардысты.

Буары  æндæр æмæ   æндæр  хуызы  зиæнттимæ  рынчындонмæ фæхæццæ  кодтой  ноджы  6  адæймагы.

Æрцæугæ  фактмæ  гæсгæ фæдæвзарæн райдыдта  Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады  кодексы  240  статийы   дыккаг хайæ,  кæцы  йæ  хъуыдыйы  дары  арæзтадон кæнæ  æндæр куыстыты рæстæджы  æдасдзинады  фæткъойты   саст», –  банысангонд у МХМ-ы  информацийы.

Тъхъибулы  шахтæйы бардарæг у  компани «Сакнахшири». Шахтæйы трагеди  цæугæ азы  5  апрелы  дæр æрцыд.  Уæд   цауы  фæстиæгæн 6  адæймаг  фæмард.