МХМ цы æртæ уæнгы æрцахста, уыдоны нымæцы ис скутеры тæрæг, кæцы журналисты скъуырын архайдта

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  информацийæ, МХМ абон цы æртæ  уæнгы æрцахста,  уыдоны æхсæн ис  скутеры тæрæг, кæцы знон Руставелийы проспектыл  медийы минæвæртты, сæ нымæцы  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  исæг корды скъуырын архайдта.

МХМ-ы  хъусинагæй,  фæдагуырд цæуы тугтæрхоны барады кодексы  154-æм статийы дыккаг хайæ  æмæ 126-æм  статийы  фыццаг хайæ.