МХМ -  акцийы хайадисджытæ  архайдтой тыхмион методтæй,  нæ коммæкастысты  пъæлицæйы  амындтæн æмæ  министрад законæй  лæвæрд   æххæстбарты фæлгæтты  спайда кодта пропорцион тыхæй
МХМ - акцийы хайадисджытæ архайдтой тыхмион методтæй, нæ коммæкастысты пъæлицæйы амындтæн æмæ министрад законæй лæвæрд æххæстбарты фæлгæтты спайда кодта пропорцион тыхæй

Акцийы   хайадисджытæ  архайдтой  тыхмион методтæй  æмæ  нæ  коммæкастысты   пъæлицæйы амындтæн, МХМ  уымæ  законæй лæвæрд   æххæстбарты  фæлгæтты   спайда кодта  пропорцион   тыхæй –  уый фæдыл  банысангонд у Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты министрадты фидиуæны.

«Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты министрад у  æхсæнады  æдасдзинады  æмæ  сæрфад хъахъхъæдыл   бæрнон уагдон.   Министрад  æнæхъæн боны  дæргъы   акцийыл   ифтонг кодта, куыд  æхсæнадон  æдасдзинад æмæ  сæрфад хъахъхъæд, афтæ  алкæцы  адæймагы  дзырды  сæрибар, кæцы  нæ  рахызт закорны фæлгæттæй.

Боны  кæрон   Централон Æвзæрстгæнæн Комиссийы  цур   цæугæ  акцийы рæстæджы,   акцийы   хайадисджытæ  бацархайдтой   ЦÆК-ы  бæстыхаймæ бабырсын, кæцы  кадрты  дзæбæх зыны   æмæ цæй  фадат сын пъæлицæй нæ ратта.

Уый тыххæй цæмæй  акцийы хайадисджытæ  пархайдтой  тыхмион методтæй  æмæ нæ коммæкастысты  пъæлицæйы  амындтæн,  МХМ  уымæ законæй  лæвæрд  æххæстбарты фæлгæтты  спайда  кодта   пропорцион тыхæй.

МХМ  куыд сæрфад хъахъъæдыл бæрнон уагдон, сиды  алы  æмбæстгæтæм, акцийы организатортæм  æмæ  хайадисджытæм,  хъахъхъæной сæрфад  æмæ  бакоммæкæсæт  пъæлицæйы   закъонон  æркуырдтæн.   Акцийы  цыды рæстæджы, барадсасты  кæцыфæнды  факты, пъæлицæй   законы фæлгæтты, æнæаргъæвгæйæ  цæхгæр кæрон скæндзæн» – бапнысангонд  у  МХМ-ы фидиуæны.