МХМ æнахъомты порнографийы æнæзакъононæй æрцæттæ-реализацийы æмæ трефикингы аххосагæй организацигонд фыдгæнæг хызы ноджы 11 уæнгы æрцахста

Гуырдызстоны  мидхъуыддæгты министрады  централон криминалон пъæлицæйы   департаменты  кусджытæ,  ауадзгæ  фæдæвзарæг  архæйдтыты   фæстиуæгæн,   æнахъомтæй базарады æмæ  сæ  нывтæжын порнографион   æрмæджытæ   æнæзакъононæй  æрцæттæ-реализацийы  аххосагæй,   фыдгæнæг   къорды  ноджы  11  уæнгы –   æнахъом сабиты   ныйарджыты æмæ   педагогы  æрцахстой – уый  фæдыл,  мидхъуыддæгты  министры  хæдивæг  Владимер  Борцвадзе, МХМ-ы   уагъд  брифингыл   райхъусын кодта.

Уагдоны хъусинагæй,    зианбавзарæг  æнахъомты   барты хъахъхъæды  нысанæй,  дарддæр кæнынц  æмбæлон психо-социалон  мадзæлттæ.