Митрополит  Герасим, Уæрæсейы  аргъуаны  минæвæрттæм, оккупацигонд Цхинвалы  аргъуаны  Цыппурсы бæрæгбоныл ауадзгæ  скуывды фæдыл  фыстæг  æрвиты
Митрополит Герасим, Уæрæсейы аргъуаны минæвæрттæм, оккупацигонд Цхинвалы аргъуаны Цыппурсы бæрæгбоныл ауадзгæ скуывды фæдыл фыстæг æрвиты

Гуырдзыстоны  Патриархийы  æддæ ахастыты  хайады  сæрдар Зугдид æмæ Цаишы митрополит Герасим, Мæскуыйы  патриархийы  æддагон аргъуанон  цæдисты  хайады сæрдармæ, Волоколамскы  митрополит  Илларионмæ   æмæ   Владикавказы  æмæ Аланийы  сæйраг епископмæ, Леонидмæ  фыстæгæй  сиды.

Фыстæджы мидæг митрополит куыд банысан кодта,  уымæ гæсгæйæ,  Цыппурсы бæрæгбоныл Цхинвалы   Æппæтысыгъдæг Самебайы  номыл аргъуаны  ацыд  скуывд  Уæрæсейы  аргъуаны  Владикавказы  æмæ Аланийы епархийы  аргъуанархайæг, сауджын Кокойты Серги.  Митрополит  хъусын кæны, цæмæй  нæрайсгæ у, Гуырдзыстоны  Рæстдинон  аргъуанæй  барлæвæрд нæ райсгæйæ,  æндæр рæстдинон аргъуаны  минæвар уæнгтæ  ауадзой  цыфæнды религион  службæ.

«Уæрæсейы  Рæстдинон аргъуан, афтæ куыд  æндæр бынæттон  рæстдинон аргъуантæ, кæддæриддæр нымадмæ истой  æмæ исынц  Гуырдзыстоны  аргъуан куыд Абхазы  афтæ  Цхинвалы регионы.

Аргъуанон закъонтæм гæсгæйæ,  нæрайсгæ у, Гуырдзыстоны Рæстдинон аргъуанæй  барлæвæрд нæрайсгæйæ  æмæ   махимæ  нæбадзургæйæ, æндæр Рæстдинон  аргъуаны  минæвæрттæ    ауадзой цыфæнды   религион  службæ  æмæ уый æнгæс  барты сæрты ахызт серьозон  знаггад хæссынц ахастытæн нæ аргъуанты æхсæн.

Ныфс нæ ис, равзардзыстут  уæлдæрбанысангонд фарста,  райсдзыстут  карз мадзæлттæ уыцы  аргъуанархайæг  уæнгты ныхмæ,  кæцытæ ацы  æнæканоникон  архайд ракодтой æмæ  ахæм факттæ  нал сфæлхатт уыдзысты», –  фыссы Зугдид  æмæ Цаишы митрополит  Герасим (Шарашенидзе).