Мишелы бадзырды   ног документыл, «Националон Змæлд»  къух нæ бафысдзæнис
Мишелы бадзырды ног документыл, «Националон Змæлд» къух нæ бафысдзæнис

Уæдмæ цалынмæ сæйраг фарстыл фидыд нæ  уыдзæнис,   бадзырд æххæстыл нымад нæ цæудзæн –  уый фæдыл  «Националон Змæлды»  уæнг Акаки  Минашвили фехъусын кодта.

Акаки Минашвили хъусын кæны, цæмæй Мишелы   бадзырды  ног документыл «Националон Змæлд»  къух нæ бафысдзæнис.

«Ацы версийæ, бавдыст куыд у  æмæ ацы  уавæры, «Националон Змæлд»  къух нæ бафысдзæн    ахæм аххосæгты  тыххæй:  фыццаджы дæр,  мигъджын  у  политикон ахæстты  рауадзыны  темæ.   Амдзырдæуы  цъындыйыл æмæ  сымах зонут нæ позици  цъынды бафидыныл Ника Мелиайы  цауы.   Ам ныхас  цæуы  амнистийыл  æмæ уыцы ныффыстæй, кæцы ис   фæнысангонд бадзырды,  уый у  тынг уæрæх амнисти  æмæ  æххæссы алы  уыцы адæймагмæ, уыцы  хицауадон гæстæм, чидæриддæр  уæлдайджын тыхæй  спайдайæ  æмæ   уæлдайджын тыхмидзинадæй  разнаггад кодта адæймæгты, кæцытæ фиксир кодтой  сæ протест  уырыссаг оккупацийы ныхмæ.  Ахæм ахаст  нæрайсгæ у. Ахæм амнистийы   хайад  райсын нæ хъавæм» –  хуъсын кæны Акаки Минашвили.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, нæрайсгæ  у  æмгъуыдагъоммæ æвазæрстыты,   бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстытимæ  сбæттын.

Европаг Советы президент Шарль Мишель, политикон  партитæн  ног документ  знон бавдыста.  Сæрмгаондæй та, Шарль Мишелы  бавдыст   ног  документмæ гæсгæйæ,   «Гуырдзиаг Бæллиццы»  æнхъарæнмæ æмбæлгæйæ, 2022 азы снысан уыдзæн   æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстытæ,  кæд хицаугæнæг парти, бынæттон хæдуынаффæйы  æвзæрстыты 43 проценттæй  къаддæрдæр хъæлæстæ райсдзæн.

Уыимæ иумæ, Шарль Мишелы документмæ гæсгæйæ,   бадзырд бафыссынæй  иу къуыримæ,  фарсытæ  политизиргонд нымад  дыууæ  хъуыддаг  хъуамæ ногæй æркæсой.