Мирза  Субелиани  нырид аст сахатæй  фылдæр рæстæг у МХМ-ы кæй  уæвы æрфарстыл
Мирза Субелиани нырид аст сахатæй фылдæр рæстæг у МХМ-ы кæй уæвы æрфарстыл

Тбилисы, Хоравайы уынгыл  æрцæугæ  марындзинады  хъуыдаджы иуæй-иу  æвдисæны  фыд,   прокуратурæйы раздæры  кусæг  Мирза Субелиани, мидхъуыддæгты  министрады  нырид  аст сахатæй  фылдæр  у  æрфарстыл кæй уæвы.

Субелиани  уагдонмæ бацыд  14:00 сахатыл.  Уый  фæстæ  бæстыхайæ   нал рацыдис.  Прокуратурæйы раздæры   кусæг бацæуыны размæ   комментари нæ сарызта  фæлæ  рæмæст  уый   загъта,  цæмæй йæм  уагдонмæ фæсидтысты.  Мирза Субелиани  МХМ-мæ бацыд æнæ адвокатæй.

Хоравайы уынгыл   мард Давит Саралидзейы фыд Заза Саралидзе, Мирза Субелианийы    азымджын кæны  фыдгæнджыты  бамбæрзыны.

Хоравайы  уынгыл   дыууæ æнахъомы  фыццаг декабры  фæцæф кодтой.  Леван Дадунашвили  æрбамард рынчындонмæ баласыны онг,æрмæст  Давит Саралидзе  та  2  декабры,  рынчындоны амард.

Тæрхондон Леван Дадунашвилийы  барæй  марындзинады  зылынджыныл  нымадмæ ист  Г.Б.-йæн  стæрхон кодта  10 аз æмæ 6 мæййæ  ахст, æрмæст  уæззау  уавæрты  æнахъомы  Давит саралидзейы барæй  марындзинады архайды   зылынмæ лææрд  Г.Дж.-йæн  та  9 аз  æмæ  9 мæй.