Минскъы, Белорусы хæдбардзинады бонмæ нывонд  фейерверкты стынды рæстæджы,  фæмард иу  æмæ зиæнттæ райстой 10-ы онг адæймагæй
Минскъы, Белорусы хæдбардзинады бонмæ нывонд фейерверкты стынды рæстæджы, фæмард иу æмæ зиæнттæ райстой 10-ы онг адæймагæй

Минскъы,  Белорусы  хæдбардзинады  бонмæ нывонд  фейерверкы  рæстæджы,  срæмыгъд  амæттагæй  фæцис.  Фæмард  иу  æмæ  зиæнттæ райстой  10-ы онг адæймаг.

Фæстæдæр Белорусы  хъахъхъæнынады министрады  куыд райхъусын кодтой,  афтæмæй, инциденты  иуæй-иу аххосаг,  ныллæг  гъæды пиротехникæ уыд.

Афтæма  уагдоны  банысан кодтой, цæмæй   фейерверкы  гарзæгтæ  уырыссаг компани «Пиро-РОС»-æй  балхæдтой.

Белорусы   хæдбардзинады бонмæ  гæсгæ, фейерверкты  ауадзын, Минскъы цалдæр ранæй  сæххæст ис.

Тагъд  социалон хызагы  пайдагæнджытæ  ныффыстой  цæмæй  пиротехникæ  тынг ныллæг бæрзæндыл  у  срæмыгъд.  Æвдисæнты  информацийæ,  стынды  фæстиуæгæн  цалдæр бæстыхайы   æвгтæ  ныцъцъæл сты.