Минделлийы номыл шахтæйы æрцæугæ цауы фæстиуæгæн 4 адæймаг фæхъуыд
Минделлийы  номыл  шахтæйы  æрцæугæ  цауы фæстиуæгæн  4  адæймаг  фæхъуыд

Тъхъибулы  Минделлийы  номыл  шахтæйы  æрцæугæ  цауы  амæттаг  фесты  4  адæймаг  –  уый фæдыл  информацийы  Фыццаг Къаналæн  сбæлвырд кодтой Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты министрады.

МХМ-ы  афтæдæр  бæлвырд кæнынц информацийы  цалдæр зианбаййафæгы   фæдыл.

Уагдоны  хъусинагæй,  æрцæугæ  фактыл   фæдæвзарæн  Гуырдзыстоны  тугтæрхоны  барады кодексы 240-æм статийы  дыккаг хайы райдыдта, кæцы  йæ хъуыдыйы  дары   хæххон, арæзтадон кæнæ  æндæр куыстыты  рæстæджы  æдасдзинады  мадзæлтты саст,  кæцы расидтис  адæймагы   царды скуынæг  кæнæ æндæр уæззау  фæстиуæг.

Проффцæдисты информацийæ,   цыппар  адæймагы  сыгъды диагнозæй  фæхæццæ  кодтой   рынчындонмæ.  Фыццаг Къаналæн  æфсæнвæндаджы ног  профессион  цæдисы   техникон   инспектор,  Паата Нинуы куыд  загъта  афтæмæй,   ацы рæстæгмæ  бæрæг кæнынц  цауы  детæлттæ.

«Хъыгагæн  æрцыд  уыцы  типы  цау,  цалдæр мæйы размæ  куыд уыд  ахæм, кæцыйы рæстæджы  6  адæймаг  фæмард.  Детæлттæ нæ зонæм  æмæ  бæлвырдæй  исты  зæгъын нæ бон нæу,  уымæн æмæ нырма  хъуыддаджы  равзарыны процессы  стæм», – банысан кодта  Нинуа.

Тъхъибулы  Минделлийы номыл  шахтæйы  æнамонд цау  абон сæумæрайсом æрцыд.