Минæвары информацийæ, Китайы горæт Уханы, кæцы короновирусы апарахаты, сæйраг бынат у, Гуырдзыстоны æртæ æмбæстаг ис

Уый фæдыл Китайы Гуырдызстоны минæвар Арчил Къаландия Гуырдзыстоны фыццаг къаналæн расидтис. Къаландия сиды, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ сæхи хорз хатынц.
“Ацы рæстæгмæ, Уханы, кæцы короновирусы апарахаты, сæйраг бынат у, Гуырдзыстоны æртæ æмбæстаг ис. Мах сæ уавæримæ зонгæ стæм æмæ сæхи хорз хаттынц” -сиды минæвар.
Афтæ дæр зонгæ стæм информациимæ æндæр æмбæстæгты фæдыл, кæцытæ сты Китайы æндæр æмæ æндæр регионты .
Арчил Къаландиайы ныхасмæ гæсгæ, ныры этапыл эпидемийы уавæры, Китайы инфициргонд сты 900 -онг адæймаг, 26 та амард.
“Гуырдызстоны æмбæстæгтæм сидын, максималонæй бахъахъæной уыцы уагæвæрдтæ æмæ рекомендацитæ, кæцытæ дунейы æнæниздзинады организаци æмæ Китайы хицауады æрдыгæй парахат кæнынц – уыцы регионты, кæцыты ис низы разынды цаутæ, сæхи бахизой контактæй æмæ сыххæст кæной элементарон гигиенайы инструкцитæ, ахæмтæ куыд -къухты арæх æхсын æмæ цæсгомыл специалон медицинон маскъæйы дарын” -сиды минæвар.