Михеил Саакашвили -  Мæ хицаудзинады рæстæджы, алы фембæлдыл иу рахастам фарста, фæстагмæ æрцыдаит арæны делимитаци æмæ Давит Гареджи фæстагмæ  законмæ гæсгæ сбæлвырд уыдаит
Михеил Саакашвили - Мæ хицаудзинады рæстæджы, алы фембæлдыл иу рахастам фарста, фæстагмæ æрцыдаит арæны делимитаци æмæ Давит Гареджи фæстагмæ законмæ гæсгæ сбæлвырд уыдаит

Хъавынц ракæной  Мæскуыйы цæрæг  Азербайджайнаг мыггаджы  адæймæгты, кæцытæ  зæгъдзысты, цæмæй  æхца бафыстой  æмæ сын бауæй кодтам  гуырдзиаг зæххы –  хъусын кæны  Украинайы  реформæты советы  æххæстгæнæг  комитеты  сæрдар æмæ Гуырдзыстоны раздæры президент  Михеил Саакашвили.

Саакашвили  дзуры,  цæмæй   алы  фембæлдыл  иу бавдыстой  фарста, цæмæй  фæстагмæ æрцыдаит   арæнты делимитаци  æмæ Давит Гареджи  суыдаит   фæстгамæ  закъонмæ гæсгæ бæлвырд.

«Знон сæ сæрмæ  цы  схастой Азербайджанимæ нæ ахастыты тыххæй,   нæ  сегасæдæр нысаниуæгджын   цырты, сыгъдæг  бынаты,  Гареджимæ гæсгæ,  уый  у рагæй пълангонд  провокаци. Уый  кой  кæнынц  журналисттæ нырид цалдæр куырийы дæргъы.

Фæнды мæ  зæгъын уын, цахæм сты ацы  провокацийы дарддæры  этаптæ – уыдон хъавынц  нырма  раздæры  фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Манджгаладзейæн зæгъын кæнын,  кæцы зæгъдзæн, цæмæй  цыдæр барамындтæ райста  мæнæй  кæнæ  æндæрæй,  ацы  территориты адæттыны  тыххæй. Стæй уыдон хъавынц, ралæууын кæной  Мæскуыйы  цæрæг азербайджайнаг  этникон мыггаджы  адæймæгтæ, кæцытæ  зæгъдзысты, цæмæй  хца  бафыстой – 30 милуан  кæнæ  80 милуан, «ФСБ»-ы  пропагандистты  æмæ   Иванишвилийы  сæры, ацы  зæххыты  ауæй кæнынæн  æмæ стæй  уыцы  хабарыл  сараздзысты хъуыддаг,  цæвиттон   мах ауæй кодтам  гуырдзиаг зæхх.  Рæстдзинад  та у бынтон æндæр.

Мæ хицаудзинады рæстæджы, алы фембæлдыл  иу  бавдыстам  фарста, ома  фæстагмæ  æрцыдаит  арæны делимитаци  æмæ Давитгареджи  кæронмæ  закъонæй  бæлвырд уыдаит куыд  Гуырдзыстоны  суверенон территори.  Уымæй дарддæр ма,  серьозон прогресс нын уыд  Азербайджанимæ  ацы æрдæм  æмæ сæйраг факт фактæй  баззад,  уый æмæ  мах  рæстæджы, йæ ныфс ничи хаста гуырдзиæгты ма бауагъдтаит  Гареджимæ, æмæ ныр та, Иванишвилийы  рæстæджы,  гуырдзиаг кувæггæнджытæн,  хуымæтæг  гуырдзиаг  æмбæстæгтæнн сыхгæдтой Гуырдзыстоны  сегасдæр нысаниуæгджын   цыртмæ бацæуæн,  сыхгæдтой  сын  фадат   сæрмагонд сыгъдæг кувæндæттæм бавналын,  сæрмагонд историмæ, сæрмагонд культурæмæ.

Уый æрцыд  адоны рæстæджы.  Афтæма ацы рæстæджы  нæ  ахастытæ нæ сыхагимæ  æрхызтысты  историон минимумы  онг æмæ уый  у тынг тæссаг  уавæр. Уый цæмæй  ацы провокаци æуы,   уыцы карз  уавæры æмæ хæсты фоныл Азербайджан æмæ Сомихыстоны  æхсæн, кæцыйы  цæй  зæгъын æй хъæуы активон  хайад исы Мæскуы,  уый дæр нæу æнæнхъæлгæ» – райхъусын кодта Михеил Саакашвили.

Знон Гуырдзыстоны  прокуратурæ ахæлиу кодта фидиуæн, цæмæй  æндæр бæстæйæн  Гуырдзыстоны территориты хайы  алæвæрды æрдæм  архайдты фактыл, прокуратурæйы  цæуы фæдагуырд.

Ахæлиугонд фидиуæны  куыд дзырдæуы афтæмæй,   фæдагуырд райдаыны  бындурæй ссис  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министрады  фыстæй информаци, кæцы æххæссыд  Гуырдзыстоны паддзахадон арæнты  делимитацийы  æмæ  демаркацийы  хицауадон комиссийы  куыстмæ.  Прокуратурæйы куыд дзурынц афтæмæй,    хъахъхъæнынады  министрадæй  райсгæ  информацийæ,  комисси, Гуырдзыстон-Азербайджаны  паддзахадон арæны  бæрæг  фадгуытæ,  æнæрастæй, бæстæйы  территорион интерестæн  знаггадгæнгæйæ  сразы кодта.

Афтæма, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани, 24 сентябры  Азербайджаны  фæсарæн хъуыддæгты  министримæ иумæ  арызт  прессконференцийы   райхъусын кодта: «Давит Гареджийы   моладзандонон  комплексмæ гæсгæ нæм æрбафтыд  ног  картографион  æрмæджытæ  æмæ  документтæ,  кæцы гæнæн ис,  æнæмæнгхъæугæ скæна 2006-2007 азты  бадзырд ногæй  æркæсын».