Михеил Саакашвили – Гуырдзыстон фервæзын кæнын хъæуы, нæ хъал  æфсæддонтæ,сидын уæм, хъуамæ  бацæттæ кæнæм нæхи  æмбæстагон хæс сыххæст кæнынæн, уæ патриотизмы ныфс мæ ис
Михеил Саакашвили – Гуырдзыстон фервæзын кæнын хъæуы, нæ хъал æфсæддонтæ,сидын уæм, хъуамæ бацæттæ кæнæм нæхи æмбæстагон хæс сыххæст кæнынæн, уæ патриотизмы ныфс мæ ис

Гуырдзыстоны раздæры президент, Украинайы реформæты æххæстгæнæг  комитеты  сæрдар Михеил Саакашвили  «Фейсбукы» ахæлиугонд  видеойы мидæг хъусын кæны,  цæмæй  Гуырдзыстоны  нырыккон  хицауад  барæй   халы  гарзджын тыхтæ  æмæ  къаддæр кæны  гуырдзиаг офицерты нымæц.

«Иванишвилийы хъæуы  куынæггонд, лæмæгъ  Гуырдзыстон, æмæ йæ ницæмæн  хъæуы сымах.  Мæ  хæлæрттæ, уый æддæйæ  ма сымах стут   Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæ,  иумæ хъуамæ бацæттæ кæнæм нæхи  ацы узурпатор хицауад….   кæцы нын  адавдта октябры æвзæрстытæ  ивгъуыд азы,  кæцы ныппырх кодта   Евроцæдисимæ бадзырд æмæ  йæхи райста  ацы бадзырдæй, кæцы æрвылбойнонæй  тыхмигæнгæ æмæ æнтхъирæнтæй  æмæ  гæртамæй ахсы  кабинеттæ.

Гуырдзыстоны  феврæзын кæнын хъæуы. Курæг уæ дæн,  куыд нæ  цытджын  æфсæддон кусджытæм, фæлæ фыццаджы дæр,   куыд æмбæстæгтæм, алчи  хъуамæ бацæттæ уæм  нæ æмбæстагон хæс  сыххæст кæнынмæ æвзæрстыты активон хайад райсынæн æмæ афтæдæр бадзырд сæндидзын кæнынмæ, уымæн æмæ уый  у  референдум. Ерын хъуамæ фервæзын кæнæм Гуырдзыстон. Уæ патриотизмы æмæ  сæрмагондæй  уæхи ныфс мæ ис.  Сымах æмæ,  кæй зæгъын æй хъæуы,  нæ  хъайтар ветеранты, гарзджын тыхты.  Ныр уæ хъуыддаг уæ бар у, алцыппæт уыдзæн дзæбæх», –  загъта Саакашвили.