Михеил Саакашвили -  фаг у саст, фесæфæд  уæнгуагъддзинад æмæ нигилизм, рацæут алчи æвзæрстытæм
Михеил Саакашвили - фаг у саст, фесæфæд уæнгуагъддзинад æмæ нигилизм, рацæут алчи æвзæрстытæм

Мæ фыццаг бæллиц æмæ  сæйраг фæндон у,   гуырдзиæгтæн уа  паддзахад зынгæ сæрибардзинадæй  æмæ  дзæбæхдзинадæй, рæстагдзинадæй  æмæ  хъахъхъæд  куыд  уа  алчи дæр ахæм – уый фæдыл  экс-президент  Михеил Саакашвилийы  фыстæджы  дзырдæуы, кæцыйы   Сæрибары фæзыл  цæугæ  акцийы бакастис Ника Гварамиа.

Саакашвилийы  дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон хъъуамæ уа  Европаг бæстæ, кæцыйæ сæрыстыр уыдзæн  алчидæр.

«Æз ам дæн, уымæн æмæ    нæй  гæнæн  амондджын уон,  фæнды  мæнæн  афтæ  хæстæг Украинайы дæр.  Нæ уыдзынæн  æндæр ран, айбæрц залым ми  æмæ  æнамонддзинад куы  уынын мæ  уарзон  фыдыбæстæйы.  Нæу мæ бон  æнæэмоцийæ кæсон,  массонæй  куы  лидзынц  адæм  мæ бæстæйæ  æмæ æвдæлон  Гуырдзыстон сегасдæр  куыырдиатджын, куыстуарзаг æмæ  æгъдауджын  адæймæгтæй. Нæ уыдзынæн  мæ  фыдыбæстæйы  куынæг кæнынмæ  дардæй  кæсæг, уымæй  мын хуыздæр у  амæлын.  Уый тыххæй  дæр  дæн ам.  Ам дæн æмæ бæлвырд ахицæн кодтон  мæ  хайбавæрд скæнын  гуырдзиаг адæмы  тохмæ,мæгуырдзинады, коррупцийы, æнæхатырдзинады, æнæрастдзинады,  пырх кæныны ныхмæ. Гуырдзиаг адæмимæ иумæ  йæ ныхмæ  слæууон Иванишвилийы  режимæн,  кæцы  мæ бæстæйы,  Путины режимы дæлбар баласын архайы.  Алчи иумæ  ма хъуамæ руадзæм   ай æппæт  æмæ алчи иумæ  хъуамæ æрызхдахæм Гуырдзыстон, ныгуылæны æрдæм фæндагмæ.  Скæнæм æй, демократийы, реформæты  æмæ  рæзынады  фæндагамонæг цырагъæй. Историйы ныууадзæм   уыцы  талынгдзинад, мæгуырдзинад, æнæрастдзинад  æмæ  пырхкæнынад, кæцы æрхаста  Иванишвилийы  «Бæллицц».  Уый тыххæй алчи  хъуамæ баиу уæм бæстæйы  мидæгæй  æмæ йæ фæсарæнты, ахæстоны уæвджытæ æмæ сæрибар чи стæм уыдон алчидæр» –  райхъусын кодта Саакашвили.

Михеил Саакашвилийы  фидиуæнæй,  ныр нæй гæнæн адæмы исты нысанæй   кæрæдзийæ хицæн кæнын.

«Иттæг нысаниуæгджын у бамбарæм, цæмæй нæ æхсæнадæн, нæ  бæстæйæн æнæмæнгхъæугæ  у  стыр фидыд æмæ уымæ хъуамæ  уæм цæттæ. Бæстæйæн цæрынæн  æнæмæнгхъæугæ у,  ныууадзæм кæрæдзи дæлæмæ  кæнын  æмæ  фыдзæрдæ æвзагæй  кæрæдзимæ  дзурын æмæ   фæбарæм нæ кæрæдзийæн.  Адæттæ  фыссын  ахæстонæй, æнæзакъонон  ахæст, фæлæ   æддæйæ  фыццаджы дæр ахæм ахастæй  архайдзынæн. Ноджы иу  реванш æмæ  маст исын моралонæй  скуынæг кæндзæн   нæ  æхсæнад æмæ фæстагмæ  ныппырх кæндзæн   нæ бæстæ.  Æнхъæлмæ нæм кæсы  стыр ивддзинæдтæ, фæлæ   уый тыххæй  цыфæнды хуызы  хъыгдзинад хъуамæ  ферох кæнæм, аиуварс кæнæм  нæ негативон  эмоциты  уæз, уымæн æмæ  уыдæттæй  куы ннæ  суæгъд кæнæм нæхи, нæ  бæстæ размæ нæ рацæудзæн» – дзырдæуы Михеил Саакашвилийы  фыстæджы.