Михеил Саакашвили  - Æнæкоммæгæсы акцитæ, æнæмæнгæй  стыр масштабæй саразын хъæуы  Гуырдзыстоны
Михеил Саакашвили - Æнæкоммæгæсы акцитæ, æнæмæнгæй стыр масштабæй саразын хъæуы Гуырдзыстоны

Æндæрæбоны   æнæкоммæгæсы  акцитæ  сты  уый  амонæг, кæцы æнæмæнгæй  стыр  масштабæй саразын хæъуы  Гуырдызстоны, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  раздæры преиздент  Украинайы   реформæтæ æххæстгæнæг  комитеты сæрдар Михеил Саакашвили  фыссы  «Фейсбукы».

«Кæд ма фидæны дæр араздзыстæм иллюзитæ, цымæ Гуырдзыстоны  нырма дæр  ис паддзахад, падзахадон институттæ, закъон  æмæ  ацы  закъонты  æмæ  паддзахады  коммæгæс хъуамæ  уæм,  уæд нæхи дæр сайæм æмæ  практиконæй  йæ къух аразæм Иванишвилийæн нæ  паддзахады  фæстагмæ скуынæг кæныны.

Алчи иумæ  хъуамæ зæгъæм, цæмæй  ацы  «паддзахадмæ»  кæцыфæнды  æнæкоммæгæсы  акт, кæй зæгъын æй хъæуы, цивилон формæтæй,  афтæ, цæмæй   проблемæтæ  æндæр æмбæстæгтæн ма  саразæм,  у  æнæ æрмæст  нæ бар, фæлæ  ма  гæнæн ис  æмæ йæ  хæсæй  банымайын дæр  кæд нæ фæнды,  уа нын фидæн  нæхи æмæ нæ  хъæбултæн, –  фæнды  нæ уа  нын фидæн?  Хъуамæ  сæ  сахуыр кæнæм, цæмæй  нæ  бафиддзыстæм ивартæ, нæ сыххæст кæндзыстæм арæнæвæрдтæ,  кæцыты сæхæдæг  не ххæст кæнынц.  Нæ бафиддзыстæм ивартæ, кацыйы сæхицæн нæ рафыссынц. Не ххæст кæндзыстæм  сæ регуляцитæ, кæцыты  сæхæдæг  ницæмæ дарынц.  Нæ бакоммæкæсдзыстæм  сæ  тæрхондæттæн, кæцы æрмæст сæ пайдайæн   рахæссы  уынаффæтæ.  Нæ фæтæрсдзыстæм   сæ иунæг репресситæй, уый нымæц нæдæр ахстытæй  æмæ алкæмæн  та репресситæ кæнын нæ  бафæраздзысты, –  афтæмæй  астæдзыстæм рагъыстæг  сæ системæйæн, кæцы æнцойæвæрд у  бынтон æнæзакъонондзинадыл æмæ æцæг  стигъындзинадыл», – фыссы Саакашвили.