Михеил Джанелидзе -  Хъæууон хæдзарады къабазы Евроцæдисы  æххуысы бæрц 500  милуан  ларийæ ахызт
Михеил Джанелидзе - Хъæууон хæдзарады къабазы Евроцæдисы æххуысы бæрц 500 милуан ларийæ ахызт

Гуырдзыстоны  вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзе  хайад райста хъæууон хæдзарады  райтынгы  Европæйы  сыхагон программæйы  (ENPARD) фыццаг фазæйы  (2014-2017 азты)  фæстиуджыты  бахыгъдгæнæн конференцийы – « хъæуты  хуыздæр царды тыххæй».

Уазджытæм басидтысты  Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Къвирикашвили, Гуырдзыстоны Евроцæдисы  минæвар  Янош Херман æмæ  хъæууон хæдзарады министр  Леван  Давиташвили.

Презентацитæй ралæууыдысты ENPARD -ы  бенефициартæ, кæцытæ  сæрмагонд фæлтæрддзинады æмæ  кооперативты райтынгы хъуыддаджы Евроцæдисы хайбавæрды фæдыл.

Фæнысан кæнинаг у, цæмæй ENPARD -ы  фыццаг фазæ  2014-2017 азты  150 милуан  ларийы  бюджетæй цыдис æххæст. Йæ  сæйраг нысан  æнцой  у  хъæууон  хæдзарады  министрады  æмæ секторы  баст  æндæр  институциты модернизаци  æмæ  профессион   фæлтæрдты баахъаз кæныныл,  се рдгæй фермертæн хуыздæр   консультациты  ауадзыны æххуыс æмæ  Гуырдзыстоны  хъæууон хæдзарады  райтынгы  европаг  моделы æрфидар кæныныл.

Конференцийы фæлгæтты  сырæзт  кооперативты  продукцийы дегуцстаци  æмæ  евроцæдисы  финансгонд   хъæууон хæдзарады   райтынгы   инициативæты фото-равдыст.  Мадзалыл  уыдысты  Гуырдзыстоны  хицауады æмæ  Евроцæдисы  минæвæрттæ, ENPARD -ы   æххæстгæнæг   æхсæнадæмон  æмæ  бынæттон  организацитæ, афтæма  дипломативон корпусы  минæвæрттæ.