Михеил Джанелидзе -  фæдзæхсын  æмбæстæгты, цæмæй  евроцæдисмæ балцы рæстæджы ма бакомой сайын æмæ  сæ ма бауырнæт  æхсæнылæгтæй  ныфсæвæрдты
Михеил Джанелидзе - фæдзæхсын æмбæстæгты, цæмæй евроцæдисмæ балцы рæстæджы ма бакомой сайын æмæ сæ ма бауырнæт æхсæнылæгтæй ныфсæвæрдты

Мах фæнды ноджы иу  хатт   бафæдзæхсæм æмбæстæгты, цæмæй евроцæдисы  бæстæтæм балцы рæстæджы, ма  бакомой сайын æмæ мæнг информацийы сæ ма бауырна  æхсæнылæгтæй  –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр   Михеил Джанелидзе   загхта  журналисттæн.

Джанелидзе  куыд банысан кодта  афтæмæй,     ис адæймагæты  бæрæг нымæц,  кæцытæ Евроцæдисы   хиæмбæхсæн агурынц.  Министры информацийæ,     Гуырдызстоны æмбæстгæтæ  Европæйы  бæстæты  хиæмбæхсæн  æнæбындурæй  домынц.

«Хиæмбæхсæн  æркуыд  æмæ  ххиæмбæхсæныл сразы уын, æрмæстæдææр уыцы  цауы æрцæуы,   кæд адæймаг у  лигъдон  политикъон æхълывдады  тыххæй,   политикъон сæрибардзинады  сæмбондкæныны  тыххæй æмæ   афтæдæр    адæймаджы барты  хæлды  тыххæй.  Кæд Швецийы    бæрæггæнæнтæ  райсдзыстæм,  уæд Гуырдзыстоны цауы,   ахæм  æркуырдтимæ  æппындæр не сразы сты,  уымæн æмæ Гуырдзыстон  у сæрибар бæстæ,  кæцы политикъон   сæрибардзинæдтæ  хъахъæны  æмæ  адæймаджы бартæ, раздæры азтимæ абаргæйæ  бирæ хуыздæр   хъахъъхæд сты.  Евроцæдисы бирæ  паддзахад, адæймаджы  барты  æрджгæй  Гуырдзыстоны  сæрибар бæстæйæ  ныридæгæн банымадта  æмæ уый тыххæй дæр ахæм æркуырд    арæх   аналегитимон у  æмæ йыл   не сразы  вæййынц.  Алцыппæт ай, æмбæстæгтæн у лотерей,  рискъ æмæ тас.  Фæнды нæ  ноджы иу хатт   бафæдзæхсæм сæ,   ма  бакомой  сайын  æмæ сæ ма бауырнæд  æхсæнылæгтæй   ныфсæвæрдтæ,  хорз  ахъуыды кæной  Евроцæдисы уæнг бæстæмæ, цы нысанæй  æххæстæуы сæ визит» – расидтис  министр.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, визалиберализацийæ  220 мин адæймаг спайда кодта, кæцы  стыр æнтыст æмæ  фæрæз у.