Михеил Батъиашвили – сахаты мидæг иу хатт нын уыдзæн коммуникаци скъолатимæ, кæд исты рискъытæ фæзындзæн, уæд уынаффæтæ  æнæаргъæвгæйæ  рахæсдзыстæм
Михеил Батъиашвили – сахаты мидæг иу хатт нын уыдзæн коммуникаци скъолатимæ, кæд исты рискъытæ фæзындзæн, уæд уынаффæтæ æнæаргъæвгæйæ рахæсдзыстæм

Гуырдзыстоны ахуырады, зонæдты, культурæйы æмæ спорты  министры Михеил Батиашвилийы  фидиуæнæй,   скъолаты  уæвæг  уавæры  æрвылбойнонæй   мониторинг кæндзысты  æмæ   уыцы  цауы, кæд  исты  къахдзæф саразын бахъæуа,  Батиашвилийы  дзырдæй,   министрад  уынаффæ  уайтагъд рахæсдзæн.

Министр куыд дзуры афтæмæй,   абон, ахуыры процесс  сабырæй  райдыдта.

«Не рдыгæй æрвылбойнонæй, фактонæй  алы сахаты мидæг иу хатт   коммуникаци нын уыдзæн скъолатимæ æмæ  кæд бæрæг рискъытимæ баст уыдзæн  ахуыры  процессы  куыд цыд афтæ сывæллæтты  æнæниздзинадæн æдасдзинад, æмбæлон мадзæлттæ   æмæ уынаффæтæ рахæсдзыстæм,  кæцы баст уыдзæн  бынатыл  сырæзт уаваримæ.

Министрады  кусджытæ   æрвылминутонæй  баст сты  ацы  процессы.  Кæд æмбæлон  скуыддзæгтæ рахæсын бахъæудзæн,  уæд  æнæаргъæвгæйæ   райсдзыстæм уынаффæтæ. Бафæдзæхсдзыстæм цæрджыты æмæ ныйарджыты дæр, фæлæ  куыд æмбарæм афтæмæй,   абон  сæумæрайсом процесс  сабырæй райдыдта  æмæ   сабырæй  цæуы.

Сывæллæттæ  скъолатæм æрыздæхтысты æмæ  кæд исты  уынаффæ рахæссын бахъæудзæн,  уый  фæдыл уын  æнæаргъæвгæйæ  фехъусын кæндзыстæм», – райхъусын кодта Батъиашвили.

Михеил Батъиашвили, ахуыргæнæндæттæм рекомендацийæ  баздæхт, цæмæй  вирустæй  хибахизынæн,  сæрмагонд хъусдард  раздахой гигенæйы æрдæм.