Михеил Батъиашвили  министры  бынат  уадзы
Михеил Батъиашвили министры бынат уадзы

Михеил Батъиашвили, Гуырдзыстоны ахуырады,  зонæдты, культурæ æмæ  спорты  министры  бынат уадзы.  Уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги  Гахариа   хицауады  абоны  рабадтыл  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ, Михеил Батъиашвили йæ куыст  барвæнд куырдиатыл æнцойæ  уадзы.

«Фарста  кæцы  мæ  фæнды,  сымахимæ иумæ  банысан кæнон,  уы  нæ иуæй-иу  коллегæйы,  Михеил Батъиашвилийы  æркуырд,  хи куырдиаты  бындурыл   ныууадза  ахуырады, спорты æмæ   культурæйы  министры бынат.  Цæй зæгъын æй хъæуы   фыццаджы дæр  бузныг хъуамæ зæгъæм цытджын  Михеил Батъиашвилийæн цы  куыст сыххæст кодта уый  тыххæй, уыцы  системон æмæ   иттæг нысаниуæгджын   реформæ райдаыны кæцы  хуыйны  ауырады  сиситемæйы  реформæ æмæ  цæй  зæгъын æй хъæуы  уыцы   æнтыстыты  тыххæй,  кæцытæ нын фæстаг азты  дæргъы   уыд куыд  спорты, афтæ  культурæйы къабазы» –  райхъусын кодта  Гиорги Гахариа.

Афтæма йæ  ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ  ахуырады реформæйæн хъæуы  бирæ цырддæр æмæ  эффектджындæр  райтынг.

«Уымæй  уæлдай ма,  фæнды мæ  банысан кæнын,  цæмæй  уыцы  принциптæ  кæцытимæ  æмхъæлæсонæй  разы стæм алчи, ома  нæ бæстæйæн итæг  ахсджиаг  æмæ  сеппæтæй  нысаниуæгджын  проблемæтæ  сты  куыст бынæттæ,  ахуырад æмæ  æдадсзинад,  ацы  æртæ   ардæмадыл  сцырын кæндзыстæм нæ  хъусдард  фылдæр.  Сæрмагондæй  та  ахуырады  системæон реформæйыл,  кæцы  домы  бирæ цырддæр æмæ  эффективондæр  райтынг æмæ уырнæг  дæн, коллегæтæ, бал, кæцы   азуырады министрадæн абон  къухдариуæг  кæны   ацы æрдæм   адарддæр кæндзæн  эффективон куыст» –  райхъусын кодта Гиорги Гахариа.

Гуырзстоны   премьер-министр, Михеил Батъиашвилийы   ивæгы ном  нырма  нæ  бавдыста.