Михаил Саакашвилийы фидиуæны фæдыл, Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады Украинайы минæваримæ фембæлд сырæзт

Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады Украинайы минæваримæ фембæлд сырæзт.

Минитсрады информацийæ, фембæлдыл гуырдзийаг фарс ноджы иу хатт бахахх кодта Гуырдзыстон –Украинайы æмахастытæ æмæ æрдхорддзинад æмæ тыхстдзинад расидтис Украинайы официалон уæнгы æрдыгæй Гуырдызстоны хицауады ныхмæ арæзт фидиуæны фæдыл.

«Уыд нысангонд, цæмæй ахæм архайдтытæ, кæцытæ афтæ дæр сты Гуырдызстоны законы хæлд, нысаниуæгджын зиан хæссынц дыууæ бæстæйы æмахастытæн.

Гуырдзийаг фарс ныфс бадардта, цæмæй украинаг фарс раст аргъскæндзæн снысангонд фактæн æмæ дыууæ фарс дæр алы æппæт сараздзæн, цæмæй æмахастытæ адаргъ уой. Украинайы минæвары фидиуæнмæ гæсгæ, уый официалон Тбилисы позици Киевæн базонгæ кæндзæн.

Банысанкæнинаг у, цæмæй Михаил Саакашвилийы æрдыгæй арæзтфидиуæны фæдыл афтæ дæр сырæзт Гуырдызстоны æттаг хъуыдтæгты министры комуникаци украинаг коллегаимæ, кæцыйы рæстæджы Украинайы æттаг хъуыдтæгты министр тыхстдзинад расидтис снысангонд факты фæдыл æмæ гуырдзийаг коллегайæн ныфс бадардта деталты рабæрæгы фæдыл» -ис фыст министрады информацийы.