Мидхъуыддæгты министрады донбыл хъахъхъæды уагдон Гуырдзыстоны территорион дæтты фысым кæны НАТО-ы  наутæн
Мидхъуыддæгты министрады донбыл хъахъхъæды уагдон Гуырдзыстоны территорион дæтты фысым кæны НАТО-ы наутæн

Мидхъуыддæгты  министрад   арæйнон пъæлицæйы   донбыл хъахъхъæд  Гуырдзыстоны территорион дæтты,  фысым кæны НАТО-йы   мугæндзонархайæг  дыккаг  денджызон иугондæн (SNMG2).  Мидхъуыддæгты министрады  информацийæ,   иугонды  сконды сты:  флагман нау  CRISTOBAL COLON (Испани), REGINA MARIA (Румыни), KEMALREIS (Турк) æмæ SMELI (Болагри).

Уагдоны  хъусинагæй,   портон  визиты нысан у  Гуырдзыстоны æмæ   альянсы  уæнг  æмæ партнер бæстæты  денджызон тыхты  æхсæн  кæрæдзиимæ иумæ  куысты амалхъомдзинад сбæрзонддæр кæнын.

«НАТО-йы наутæ  Гуырдзыстоны территорион дæттæ  18 марты, МХМ-ы арæйнон пъæлицæй донбылы хъахъхъæды  куыстимæ иумæйаг фæлтæрæнты фæуды фæстæ  ныууадздзысты», – банысангонд у МХМ-ы информацийы.