Мидхъуыддæгты министрад хæлиу кæны фидиуæн Гуры  фараст аздзыд чызгы  мæлæты факты фæдыл
Мидхъуыддæгты министрад хæлиу кæны фидиуæн Гуры фараст аздзыд чызгы мæлæты факты фæдыл

Мидхъуыддæгты министрад  Гуры  фараст аздзыд чызгы  мæлæты фактыл  фидиуæн хæлиу кæны.

Уагдоны ахæлиугонд фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй,   сывæллоны мæлæты фактыл  фæдагуырд райдыдта  специалон фæдагурæг къорд, кæцыйæн къухдариуæг кæны  МХ министры фыццаг хæдивæг  Каха Сабанадзе.

«Мидхъуыддæгты  министрады Шида Картлийы  полицийы  департаменты  кусджытæ, 2010  азы гуырд  Н.Б.-ы ссардтой цæугæдон  Леуахи  былыл  мардæй.

Æрцæугæ фактыл  специалон   фæдæвзарæг къорд райдыдта  фæдæвзарын, кæцыйæн къухдариуæг кæны  мидхъуыддæгты министры  фыццаг хæдивæг  Каха Сабанадзе.

Бынатыл  барадхъахъхъæнджытимæ иумæ сты,  Шида Картлийы  губернатор  Гиорги Ходжеванишвили æмæ  бынæттон хицауады  æндæр минæвæрттæ.  Ацы рæстæгмæ  бынатыл  кусынц  эксперт-криминалисттæ. Мардæн  аразынц  комплексон  экспертизæ»- банысангонд у фидиуæны.