Мевлут Чавушогълу - Туркмæ æхсæнгарзы экспорт кæй фæтобæ ис уымæй бæстæ æрмæст фæфидардæр уыдзæн
Турчкмæ æхсæнгарзы экспорты фæтобæ бæстæйы æрмæст фæфидардæр кæндзæн – уый фæдыл Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр Мевлут Чавушогълу, «Дойче Веллеимæ» интервьюйы загъта.
«Кæйдæр митæм æнæкæсгæ, фæнды æхсæнгарзæй ифтонгадыл эмбарго кæнæ æндæр, мах æрмæстдæр фæфидардæр уыдзыстæм. 15 азы размæ мах, хъæугæ базайрагы æрмæст 20 процент арызтам. Ныр 70 процентæй фылдæр» – райхъусын кодта Чавушогълу.
Уый йеддæмæ ма туркаг дипломаты дзырдæй, зæгъгæ Анкара тохы фæстæмæ нæ алæудзæн уыцы цауы дæр, кæд æмæ Турчы æмцæдисонтæ сирийаг курдæгтæн рахæцдзысты сæ фарс. Мевлут Чавушогълуйы дзырдæй, зæгъгæ уый Туркæн у цæрынæн ахсджиаг фарста, националон æдасзинады æмæ хифервæзын кæныны фарста.
Уый афтæдæр фæныхас кодта Турчы хицауады фидуиæныд, сирийаг лигъдæттæн Евроцæдисмæ ахизынæн арæнтæ гæнæн байгомы тыххæй.
«Нырма Турчы паддзахад, 40 миллиард долларæй фылдæр бахардз кодта, Евроцæдис та нын куыд хъуыдис афтæ нæ баххуы кодта. Цыфæнды цауы сирийаг лигъдæтты фæнды Европæмæ ахæццæуын» – райхъусын кодта Мевлут Чавушогълы.
Министры дзырдæй, лигъдæттæн арæнтæ байгом кæнын, « æнæдæр æтъхъирæн æмæ нæдæр блеф нæу»- фæлæ у дзуапп Евроцæдисы позицийæн.
Акой уын кæндзыстæм, Анкарайы æрдгæй Сирийы цæгат-скæсæны сирийаг курдæгты ныхмæ операци райдаыны фæстæ, Германи æмæ Франц, Туркмæ æхсæнгарзы экспорты бауромын ахицæн кодтой.