Местиа хаст æрцыд  ELLE-ы 2019 азы  сеппæтæй  хуыздæр туристон ардæмадты ранымадмæ
Местиа хаст æрцыд ELLE-ы 2019 азы сеппæтæй хуыздæр туристон ардæмадты ранымадмæ

Номдзыд  францаг  рауагъдад ELLE-ы  бритайнаг редакци, 2019  азы  18  сеппæтæй  хуыздæр    туристон  ардæмадты  æхсæн Гуырдзыстон,  сæрмагондæй  та  Местиа  æрнымадта.

Рауагъдад  куыд фыссы  афтæмæй, туристон  сферæйы  бритайнаг  эксперттæ   Гуырдзыстон  банымадтой  иуæй-иу  сепæтæй  зæрдæмæдзугæ  бæстæйæ.

«Фæзæрдæцъæх стут Европæ æмæ Азийæ?  Абалц кæнут Гуырдзыстонмæ» –  фыссы  ELLE.

Публикацийы мидæг дзырдæуы,   цæмæй  Сванеты  балцы рæстæджы туристтæ æнæмæнгæй  хъуамæ  ахæссой цæст  этнографион  музейыл, æрмæст активон   уазджытæн та æнæмæнгæй  амонынц  Халдайы  цъитимæ ыссæуын  æмæ   Ушбайы  цур уæвæг цадты  фенын.

«Гурмантæ æнæмæнгæй  хъуамæ  ацаходой  сванаг   хæринæгтæ –  къубдари æмæ   æмæ ташмиджаби» –  дзырдæуы статийы.

ELLE-ы  эксперттæ   туристтæн  амонынц  Гуырдзыстонмæ майы,  июны кæнæ  сентябры  балц  кæнын.  Афтæдæр сæ ныхæстæм гæсгæ,   рекомендацигонд у   Гуырдзыстонмæ  фæззæджы  абалц кæнын,  сæрмагондæй  та,  кæд  æмæ уазджытæ  Къахетмæ  фæуазæг уыдзысты.