Мегис Кардава проетсты нысанæн тæрхоны зал  ныууагъдта
Мегис Кардава проетсты нысанæн тæрхоны зал ныууагъдта

Ницы  æууæнк мын нæй,  цæмæй  сыххæст уыдзæн расттæрхон ,  протесты  нысанæн  уадзын   зал – райхъусын кодта æфсæддон пъæлицæйы  департаменты раздæры  хистæр, Мегис Кардава, кæцыйы  аххосæгты хъуыддагыл   тæрхоны  залы  цæуы процесс.

«Æз æмæ æмæ хæлæрттæ  хъахъхъæдтам Гуырдзыстоны æдасдзинад. Ацы хъуыддаг  у  политиконæй  мотивацигонд. Бæлвырдгæнæнтæ сты фальсификацигонд æмæ æвдисæндзинæдтæ та , маст сисыны, шынтажы æмæ хъизæмары фæрцы.

Нæй мæм æнхъæлц цæмæй  ам сыххæст уыдзæн   расттæрхон æмæ хаст уыдзæн  объективон  тæрхоныскуыд.  Простеты нысанæн  уадзын тæрхоны зал» – райхъусын кодта процессыл Мегис Кардава.

Зылынгæнæг фарсы хъусинагæй, 2011 азы  11 апрелы,  03:00  сахатыл, Гуырдзыстоны  мх министрады  Самегрело-Уæллаг Сванеты  зылды  сæйраг  уагдоны хистæры уæдыккон  хæдивæг Мегис Кардава, æфхæрдæххæстгæнæн  департаменты сæрдар Гага Мкурналидзеимæ иумæ, æфхæрдæххæстгæнæн департаменты №8  уагдоны, территористон актты хайадисыныл басæттыны  æмæ  æндæр  уæнгты æмхайадисджытæй  бавдисыны  æркуырдæй,   фыдæбонæй мардтой   террористон акт æрцæттæйы æмæ сыххæст кæныны аххосагæй ахст  Элдар Кобалиайы, Къоба Маткавайы æмæ Мераб Хъолбаиайы, сæрмагондæй та цалдæр сахаты дæргъы сæ надта, хъизæмарæй мардта  лæдзгутæй æмæ электрошоктæй.

Мегис Кардавайы экстрадици  Украинайæ Гуырдзыстонмæ  17 сентябры  сыххæст ис.   Йæ ныхмæ бавдыст  тугтæрхоны барады фондз хъуыддагыл  зылынгæнæг  тæрхоныскуыд  уыд хаст, æхсæз хъуыддагыл  та, тæрхоны процесс цæуы.

Мегис Кардавайы ныхмæ  цалдæр  хъуыддагыл, уый нымæцы Навтлугъы  спецоперацийы, «Ахæтсоны бунты», Серго Тетерадзщейы, а.х. боцкъаты  хъуыддæгтыл зылынгæнæг   тæрхоныскъуыд  рахастой.