Медлин Мун - Уæрæсейы  фæнды, цæмæй дихгæнæг  хахх суа  бæлвырд арæнæй  æмæ  архайы,   æнæлегалонæй  ныддихтæ кæна Гуырдзыстон
Медлин Мун - Уæрæсейы фæнды, цæмæй дихгæнæг хахх суа бæлвырд арæнæй æмæ архайы, æнæлегалонæй ныддихтæ кæна Гуырдзыстон

Уæрæсейы  фæнды, цæмæй дихгæнæг  хахх суа  бæлвырд арæнæй  æмæ  архайы,   æнæлегалонæй  ныддихтæ кæна Гуырдзыстон –  уый  фæдыл, НАТО-йы  парламентон ассамблейы  президент,  Медлин Мун райхъусын кодта.

Медлин Мун, лондоны, НАТО-йы   парламентон ассамблейы  сессийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы  банысан кодта, цæмæй зæгъгæ Уæрæсе  периодгай  рахæцы  арæныл æмæ  ницæмæ дары  уыцы цæрджыты,  кæцыты бинонтæ æмæ  сæрмæмулк ныддих вæййы.

«Гуырдзыстоны æмæ Украинайы тыххæй  арызт  фидиуæнты  æмæ сæ  территориты  æнæлегалонæй   оккупацийы  бафауыны æрдгæй нын  бонджын  ивгъуыд ис.  Фæлæ   адон æрмæст ныхæстæ не сты. Мах иунысанонæй равдыстам  нæ  фарсхæцын  æмæ солидарондзинад. Мах уый  2017  азы  сарызтам Тбилисы,  НАТО-йы   парламентон ассамблейы уалдзæджы  сессий саразынæй  æмæ фидæн азы,  уалдзæджы  сессийы  та  Киевы  ауадздзыстæм.

Цæугæ азы  æз  визитæй  уыдтæн  куыд Тбилисы,  афтæ Киевы дæр,  цæмæй равдыстаин нæ фарсхæцын  сæ  евроатлантикон  тырнынады  æрдæм,  цæмæй  мæхи цæстæй  федтаин,  куыд фæразынц Гуырдзыстон æмæ Украина Уæрæсейы  комкоммæ  агрессийæн.   Дыууæ къуырийы размæ  æз  федтон  Хуссар Ирыстоны алыварс   арызт  администрацион дихгæнæг хахх. Зонын, цæмæй  сымахæй  бирæтæ  уыдысты  уым 2017  азы.  Уый тыххæй  дæр уырнæг  дæн,  цæмæй   æмбарут, цæй тыххæй   хатын мæхи моралонæй  хæсджын,  спайда кæнон ацы  фадатæй  æмæ  фæныхас кæнон  уыцы  темæйыл цæмæй  цы федтон уым æмæ цы рахатыдтæн. Уæрæсейы  фæнды цæмæй  ацы  дихгæнæг  хахх  суа   бæлвырд арæнæй  æмæ  архайы, æнæлегалонæй   ныддихтæ кæна   Гуырдзыстон.  Уый тыххæй   Уæрæсе  периодгай  рахæцы  арæныл,  ницæмæ дары  уыцы  цæрджыты,  кæцыты бинонтæ æмæ  сæрмæмулк адих вæйы. Æз фæныхас кодтон   иуæй-иу цæрæгимæ, кæцы  йæ рынчын бинойнагимæ иумæ  баззадысты  телтæй  æмбонды иннæ фарс æмæ  сæ бон нæу  бинонты  уæнгты  бæрæгдзуа рацæуын,  сæрмагон зæхх бакусын, кæцы телтæй  æмбонды иннæфарс  фæцис. Ай  тынг эмцоион хабар уыд  æмæ  дзырд раттон, цæмæй  ай  тыххæй  фæныхас кодтаин æнæ æрмæст æхсæнадæмон   барады  хæлдыл, фæлæ ма  уым цæрæг   адæймæгты æмæ сæ барты  хæлды фæдыл  дæр» –  райхъусын кодта  Медлин Мун.