Медлин Мун – банхъæлмæ кæсут пленарон рабадтыл мæ раныхасмæ
Медлин Мун – банхъæлмæ кæсут пленарон рабадтыл мæ раныхасмæ

Банхъæлмæ кæсут къуырисæрмæ, пленарон рабадтыл  мæ раныхасмæ –  ахæм дзуапп ратта  НАТОзйы парламентон ассамблейы  преиздент  Медлин мун  Гуырдзыстоны Фыццваг Къаналы  фарстыл  Лондоны.

Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал  уымæн бакой  кодта Гуырдзыстонмæ  визит  æмæ Хурвалеты  цы  фидиуæн сарызта уый.  Мун Гуырдзыстонемæ визиты рæстæджы банысан кодта,  цæмæй  зæгъгæ  эмоцитæ,  кæцытæ  бынатыл райста,   уыыйас  фидар уыдысты, цæмæй  уый  æрмæст  ассамблейы документты  нæ баззадаиккой. Фарстыл  цахæм уыддзæн  парламентон асамблейы  фæззыгон сессий æмæ кастытæ,   цахæм  уыдзæн президенты  позици, Медлин Мун  райхъусын кодта, цæмæй   хъуамæ банхъæлмæ кæсæм  къуырисæрмæ 65-æм сессийы  рабадтыл йæ раныхасмæ.

«Ме рдгæй  нæ уыдзæн  раст рагагъоммæ  исты зæгъын  уый фæдыл  цæмæй   цы æрцæудзæн къуырийы райдайæн, фæлæ  æз фæныхас кæндзынæн  Гуырдзыстонмæ фмæ визиты тыххæй.  Сæрмагонд тæлмæн мыл скодта  бæстæ, ай  уыд æцæгдæр   тынг фидар эмоци. Тынг мыл  тæлмæн скодта  цы федтон уый, кæддæриддæр афтæ вæййы,   реалондзинад æмæ конкретон адæймæгты цардмæ  куы  бакæсыс  уæд.  Сæрмагондæй  асджын лæгы,   кæцы  арæйнон æмбондты   иннæ фарс цæры æмæ, къæппæджы  уыд æмæ æрмæст йæхи æмæ йæ  сыхæгты æххуысæй зылдис  йæ  бинойнагмæ. Алцыппæт уый уыд бынтон æнæаххосæй, о мæ  ам  кæцы ран ис, цæмæй  бæрæг у  фæлмæнзæрдæдзинад? Тынг эмоцион визит уыд. Куы  загътон, цæмæй  зæгъгæ нæ ферох кæндзынæн,  уæд нæ ферох кæндзынæн» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн  НАТО-йы   парламентон ассамблейы   президент.

Медлин Мун   къуырисæры, 14  октябры рабадтыл, дзырдæй  ралæудзæн.   Уыйимæ иумæ   НАТО-йы   парламентон ассамблейы  хатдзæгон сессийы  хайад райсдзæн  НАТО-йы  генералон нымæрдар, Йенс Столтенберг.

Бакой уын кæндзыстæм, НАТО-йы  парламентон ассасмблейы  президент Медлин Мун, Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты,  цæугæ  азы  13 сентябры, Хурвалеты  оккупацион хаххы цурмæ  ныццыд, цы ран  уæвæг  уавæримæ æрзонгæ ис.  Уый афтæдæр фæныхас кодта Дата Ванишвилиимæ æмæ йын æхсардзинады тыххæй  бузныг загъта.