Медлин Мун - Адæймæгтæн ис хъуыды равдысты  бар, фæлæ  сæ хъуыды  хъуамæ равдисой закъоны фæлгæтты
Медлин Мун - Адæймæгтæн ис хъуыды равдысты бар, фæлæ сæ хъуыды хъуамæ равдисой закъоны фæлгæтты

Адæймæгтæн ис хъуыды равдысты  бар, фæлæ  сæ хъуыды  хъуамæ равдисой закъоны фæлгæтты, – уый фæдыл  журналисттæн  НАТО-йы парламентон  ассамблейы  президент, Медлин Мун  проуырыссаг тыхты фæтыхджындæры фæдыл  фарсты  дзуаппæн  загъта.

«Сегасæй  тæссаг, демократийы  цы ис гæнæн саразын, у уый æмæ, хъуыды кæнай, цæмæй  демократийыл бæрнон сты  политиктæ.  Ай  афтæ нæу.  Уый у Алы æмбæстагы  бæрн. Алы æмбæстагмæ ис  бар  байхъуса æмæ  анализ скæна  информацийæн.  Сеппæтæй  стыр рискъ  демократийæн у  уый, цæмæй  мах æхгæнæм дебаттæ.  Сымахæн æцæгдæр ис стыр быцæусидтытæ æмæ уын сæйраг у уый, цæмæй   куыд бахъахъъхæндзыстут ацы  аргъдзинæдтæ  æргом медийæ,  æргом  политикъон  дискуссийæ æмæ уыцы  хъæлæс  байхъусынæй, кæцыимæ  сымах абсолютонæй нæ разы кæнут.   Хуымæтæг фæндаг у  сæ  басус кæнын, фæлæ тынг зæндджын у  æрбайсай  фæтк.  Уойæ, адæймæгтæм ис хъуыды равдысты бар, фæлæ  сæрмагонд хъуыдытæ равдисæт   закъоны фæлгæтты», –  райхъусын кодта НАТО-йы  парламентон ассамблейы  президент Медлин Мун.