Медийы хъусинагæй, Украинаимæ  ныттынггонд уавæры  фоныл, Уæрæсе Сау Денджызмæ  арвыста 15 æфсæдон науы
Медийы хъусинагæй, Украинаимæ ныттынггонд уавæры фоныл, Уæрæсе Сау Денджызмæ арвыста 15 æфсæдон науы

Украинаимæ  тынггонд уавæры  фоныл Уæрæсе Сау Денджызмæ  арвыста 15 æфсæдон нау – хъусын кæны «Дойче Велле»

Ахæлиугонд хъусинагæй,   Сау Денджызмæ афтæдæр бахызт    Уæрæсейы  цæгаты фæлоты  «Ропучайы»  классы  дыууæ æфсæддон  нау, кæцытæй иу архайынц,  донбылмæ бырсты рæстæджы  танкытæ,  згъæртехникæ æмæ æфсады  транспортацийæн.

Украина  Уæрæсейы арæйнон  зонæй  æфсæддон   тыхты  рæзты  аххосджын кæны,  Мæскуыйы та дзурынц, цæмæй  маневртæ  сты плангонд  æфсæддон ахуырты  хай.

Уæдмæ Уæрæсейы хъусын кодтой, цæмйæ Керчы донкъубалы  фæсарæйнаг  æфсæддон   науты змæлд рæстæгмæ  арæнгонд уыдзæн. Ныгуылæны бæстæты  Уæрæсемæ  сидынц,  фæстæмæ акæна йæ æфсад  Украинайы   арæнтæй.