Медийы  информацийæ,   Ираны  горæт Хъумы  коронавирусæй  фæмардуæвджыты нымæц  50-мæ ахæццæ ис
Медийы информацийæ, Ираны горæт Хъумы коронавирусæй фæмардуæвджыты нымæц 50-мæ ахæццæ ис

Ираны  горæт Хъумы  коронавирусæй  фæмардуæвджыты   нымæц   50-мæ  ахæццæ ис.  Информацийы  хъусын кæны   агентад  «Илна».

«Эссошиэйтед Прессы»  хъусинагæй,   карантины   ацы  рæстæгмæ   250  адæймаг  уæвы.

Ираны  хицауады   ныры  онг   12  адæймагы   мæлæты  фæдыл хъусын кодта.   Фæстаг   бæрæггæнæнтæй,   ног типы   коронавирсæй   61  адæймаг у  инфициргонд.

Ирайнаг  агентад  «Илна»-йæн  лæвæрд  интервьюйы   Хъумы депутат  Ахмад  Амириабад  дзуры,  вирусы   контролы  нысанæй,  хицауады   арызт къахдзæфтæ  æнæ  æнтыст  уыдысты –  медицинон хотæн  хъæугæ  хихъахъхъæнæн  ифтонггæрзтæ  нæй.

Ираны  хицауад  бæстæйы  фылдæр  регионты   скъолатæ   æрыхгæдта.