Медийы  информацийæ, Иракы  æдасдзинады тыхтæ 18 демонстранты амардтой
Медийы информацийæ, Иракы æдасдзинады тыхтæ 18 демонстранты амардтой

Иракъы  сахар  Насириайы æдасдзинады  тыхтæ, 18  демонстранты   амардтой.   «Алджазирайы» информацийæ,   барадхъаххъæнджытæ   хицауады  ныхмæ  протестон  акцийы  хайадисджытыл  æхст райдыдтой.

Быцæудзинады  фæстиуæгæн,  буары  зиæнттæ райстой  120-æй  фылдæр  адæймаг.

Цалдæр сæ   критикон  уавæры  ис.

Иракысахар Наджафийы, ираны консулады   басудзыны фæстæ,    Иракы  хуссар провинциты  сæрфад скæнынæ   æфсæддон гæсты  арвыстой.

Иракы   протестон  акцийы   хайадисджытæ   бæстæйы  хицауады   коррупцийы   зылынджын кæнынц æмæ системæ раивын домынц.

Ираны   консуладмæ лæбурды  фæстæ, Тегеран  Багдадæй  æрдомтта   «агрессорты»   ныхмæ  скуыддзаггæнæг мадзæлттæ райсын.