Медийы инфоормацийæ, Европæйы  хосты  агентад гæнæн ис  октябры райдайæны «Pfizer»-ы æртыккаг дозæ саразыны  рекомендаци ратта
Медийы инфоормацийæ, Европæйы хосты агентад гæнæн ис октябры райдайæны «Pfizer»-ы æртыккаг дозæ саразыны рекомендаци ратта

Европæйы  хосты  агентад  гæнæн ис, октябры райдайæны  «Pfizer»-ы  вакцинæйы  æртыккаг дозæ саразыны рекомендаци ратта.

Фæнысангонд тыххæй  информаци хъусын кæны  агенатд «РОйтер».

Бакой уын кæндзыстæм, Америкæйы   хæлцады æмæ   хосты администраци наридæгæн ратта  «Pfizer»-ы  вакцинæйы æртыккаг дозæ æнæаргъæвгæ  сфæлхас кæныны фæдыл  барлæвæрд.  А.х.  бустеры  саразыны фадат уыдзæн  65 азæй  хистæрдæр кары адæймæгтæн,  рисккъорды минæвæрттæн,  æнæнизхъахъхъæды сферæйы  кусæг адæймæгтæ,  ахуыргæнджытæ,   карджынты  цæрæндæтты кусæг персонал.

6 сентябры  Европæйы   хосты агентады  райхъусын кодтой, цæмæй   компани  «Pfizer»-ы  бавдыст  бæрæггæнæнты  бацахуыр кæнын хъавынц.  Агентады   сæрыфыцагæй  хъусын кодтой, цæмæй  æххæстæй вакцинацигонд   уæнгтæн, æртыккаг дозæйы саразыны æнæмæнгхъæуындзинад нæ уынынц, фæлæ  хъуыды кæнынц, цæмæй  æртыккаг дозæ  гæнæн ис, уыцы адæймæгтæн  уа  хъæугæ, кæцытæн абаргæйæ  лæмæгъ  иммунитет ис.