«Мастершефы» фæндзæм сезоны фæуæлахиз ис Димитри Шарашенидзе [видео]

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  кулинарон  мегашоу, «Мастершефы»  фæндзæм сезоны  уæлахизгонд  рабæрæг ис. Бæстæйы сеппæтæй  хуыздæр   хæринагаразæгы  титул лæвæрд уыд  Димитри  Шарашенидземæ.

Уæлахизгонд  зноны  финалон  шоуйы  рæстæджы рабæрæг ис.

«Мастершефы»  титул райсынæн  афтæдæр  тох кодтой  Нино Варшанидзе  æмæ  Иосы  Какиашвили .

Гуырдзиаг телетыгъдады   лицензиргонд  æхсæнадæмон  кулинарон  мегашоу «Местершефы» фæндзæм сезон Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл 4 апрелы райдыдта.