Марты фæстæ, Европæйы «Ковид-19»-æй  мæлынады сегасдæр ныллæг бæрæггæнæнтæ  сфиксир ис
Марты фæстæ, Европæйы «Ковид-19»-æй мæлынады сегасдæр ныллæг бæрæггæнæнтæ сфиксир ис

Фæстаг 24  сахаты мидæг  Италийы, Испанийы, Францы æмæ  Стыр Британийы,  вирусон  инфекцийæ  расайæг  низты фæкарзимæ,  марты  фæстæ   сеппæтæй   къаддæр адæймаг амард.

Сæрмагондæй та   Франы  фæстаг æхсæв-боны мидæг   фæмард  242  адæймаг, уыдонæй  152   рынчындæтты  æмæ  90 та  карджынты  хæдзæртты. Фæстаг  фондз   къуырийы  дæргъы  уый сегасдæр ныллæг  бæрæггæнæн у.  Францы «Квоид-19»-ы  диагнозæй,  нырма  ис  28 мин адæймаг, кæцытæй  4 682-ы  æнæниздзинады  уавæр  у  интенсивон терапимæ хаугæ.

Италийы   24  сахаты   æрбамард  260 адæймаг, кæцы  14  марты   фæстæ    сеппæтæй  ныллæгдæр  бæрæггæнæн у. 31 марты  фæстæ  сеппæтæй  къаддæр адæймаг  æрбамард Стыр Британийы  дæр.

Испанийы та   ивгъуыд  боны бæрæггæнæнтæй,  фæмардуæвджыты нымæц  абаргæйæ  25  процентæй   фæкъаддæрдæр ис. Амард 288  адæймаг, кæцы  20 марты фæстæ   сеппæтæй  къаддæр дæр у.

Германийы фæстаг 24  сахаты мидæг   «Ковид-19»-æй  амард 140  адæймаг.