Марнеулы  фæстаг дыууæ боны дæргъы цы 926 гоймагы басгæрстой, уыдонæй коронавирус сæ иумæ дæр нæ фæбæрæг ис
Марнеулы фæстаг дыууæ боны дæргъы цы 926 гоймагы басгæрстой, уыдонæй коронавирус сæ иумæ дæр нæ фæбæрæг ис

Марнеулы  муниципалитетæй  Лугары   лабораторимæ фæстаг дыууæ  боны дæргъы  æрвыст  926  тесты дзуавппытæ  иууылдæр сты æппæрццаг.  Уый фæдыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  Марнеулы  муниципалитеты  мэр Заур Даргали  фехъусын кодта.

Муниципалитеты  æнæнизхъахъхъæды  хъусын кæнынц  цæмæй   хицауадон куысты  кусджыты  «PCR» текстæй  басгæрст фæцис.

«Джео Хоспиталсы»  клиникæйы тыххæй куы зæгъæм,   уым гуырысхойаг  симптомтæй   пациент  нæ  бацыд. Уый  тыххæй дæр,  клиникæйæ   лугары  лабораторимæ   абон  анализтæ  нæ арвыстой.