Марнеулы  бацæуæны цур мобилизацигонд у  патрулон пъæлицæй
Марнеулы бацæуæны цур мобилизацигонд у патрулон пъæлицæй

Марнеулы  бацæуæны цур патрулон пъæлицæйы  экипажтæ  сты мобилизацигонд. Бынатыл  сты  æфсæддæттæ  дæр.

Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы  журналист  куыд хъусын кæны, афтæмæй,   территорийыл  змæлд  карз  контрол цæуы.

Фæнысангонд территориыл   афтæдæр æвæрд у халагъуд.

Специалон  ифтонгггæрзтæй, алы  хæдтулгæйæн  аразынц  дезинфекци  æмæ  дистанцион  термометртæ  сæ  температурæ барынц  бæлцæттæн.

Марнеулы æмæ Болнисы  расидтæуыд   карз  карантины  режим.

Фæнысангонд муниципалитетты   карантины рæстæджы   æхсæнадон сæрфад  ифтонг  кæндзæн  æмæ уæлвæткъ режим  фидар кæндзæн   мидхъуыддæгты министрад.

Афтæма  МХМ-имæ координиргондæй, процессы   баст сты  Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  тыхтæ.