Марина Эзугбаиа -  Гуырдзыстон лæууæ цъæх зонæйы
Марина Эзугбаиа - Гуырдзыстон лæууæ цъæх зонæйы

Тбилисы инфекцион рынчындоны медицинон   директор  Марина Эзугбаиайы  фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстон нырма у æдас бæстæты хыгъды, цъæх зонæйæ   цы  хонынц  уым.

«Гуырдзыстон нырма цъæх зонæйы ис. Милуан æмбæстагыл    пациентты  æмæ мæлынады нымæцмæ  гæсгæ, уæвæг уавæрæй нырма  стæм  цъæх зонæйы,  акæсæм цавæр динамикæ уыдзæн   дарддæр», – банысан кодта Эзугбаиа.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,  12  сентябрæй  фиксир кæны  ног  цауты  æртæнысанон  цифрæтæ, фæлæ

152-ы æмæ 196-ы æхсæн  æмæ  200-йæ  фылдæр та никуы  уыд, кæцы  стабилон бæрæггæнæныл  амоны.

Марина Эзугбаиа  дзуры, цæмæй  тæвд тæппæй   нырма  дæр у  Ачъара, фæлæ эпидемиологты   куыст фæстиуæгджын уыд  æмæ  ног цауты нымæцы фæкаддæры тенденци  фæбæрæг ис.

Фæлæ Эзугбаиа рагфæдзæхст дæтты цæрджытæн  æмæ сæм æрсидтис, ома  æххæст кæной регуляцитæ, кæцыты  æхсæн сты  социалон дистанци хъахъъæнын,  маскæ  дары  æмæ  гигиенон нормæтæ æххæст кæнын.