Маргот Вальстрьом – «Скæсæн Партнерад»  æнцойæвæрд у  иумæйаг хæзнатыл æмæ   инициативæ  хъуамæ баахъаз кæна   реформæтæ  социалон æмсæрады  æрдæм
Маргот Вальстрьом – «Скæсæн Партнерад» æнцойæвæрд у иумæйаг хæзнатыл æмæ инициативæ хъуамæ баахъаз кæна реформæтæ социалон æмсæрады æрдæм

Швецийы  фæсарæн хъуыддæгты министр Маргот Вальстрьом  Батумы «Скæсæн Партнерады»  конференцийы  хайады тыххæй  социалон хызаг «Твиттеры» фыссы.

«Амæйразмæ  æртахттæн  Гуырдзыстонмæ,  аив Батуммæ, Евроцæдисы  «Скæсæн партнерады»  конференцйы   хайад райсынмæ.

Мæ сæйраг æрвитæггаг  у, – «Скæсæн Партнерад»  æнцоæвæрд у  иумæйаг хæзнатыл æмæ   инициативæ  хъуамæ баахъаз кæна   реформæтæ  социалон æмсæрады  æрдæм, æмбæстæгты  хайадæй» – хъусын кæны  Вальстрьом.

Батумы  11-12  июлы  бæрзонд   рангы   æхсæнадæмон конференци «Аргъджын партнерады 10 аз –  рацæугæ фæндаг æмæ перспективæтæ» ацæудзæн.  Конференци  «Скæсæн партнерады» 10 азы сæрмæ нывонд у.