Мамука Хазарадзе  хъусын кæны, цæмæй коронавирусыл йæ  тесты дзуапп  æвæрццаг у
Мамука Хазарадзе хъусын кæны, цæмæй коронавирусыл йæ тесты дзуапп æвæрццаг у

Парти «Лело Гуырдзыстонæн»-ы  лидер Мамука Хазарадзейæн бесгæрсты  фæстиуæгæн коронавирус  сбæрæг ис.

Уый тыххæй  Хазарадзе, «Фейсбукы» сæрмагонд фарсыл   ныффыста.

Фæлæ  Мамука Хазарадзейы   фидиуæнæй, зæгъгæ 48  сахатмæ,  ноджы ма иу  анализ сараздзæн, цæмæй  дзуапп 100% бæрæг уа.

«Ме æмпартиæгтæн «Лелойаг»  æмбæлттæн  æмæ гуырдзиаг  дзыллæйæн мæ фæнды  фехъусын кæнын информаци, цæмæй   знон изæр  сарызтон «PCR» тест, уымæн æмæ мын  уыд ныллæг тæвд.  Тест равдыста  «Ковид-19»-ыл  æвæрццаг дзуапп. Æхмæнадæмон стандартты æмæ  регуляцитæм  æмбæлгæйæ,   абонæй  дæн æххæст хиизоляцийы.   Уый уыд фыццаг тест, 48 сахатмæ  та  фæлхатгæ  ратдзынæн анализ, уымæн цæмæй   100  %  сæбæрг уа дзуапп.  Ацы моментмæ мын  тæвд  нал ис,  мæхи хатын  дзæбæх  æмæ  хъал.  Нæ хицауады æнарæхст  æмæ  æнæпрофессионалонæй,  æнæбæрнонæй уагъд  процесстæ,  Гуырдзыстоны  алкæцы æмбæстагы  тасы бафтыдтой.

«Гуырдзиаг Бæллиццы»  кърах  «Ковид-19»-ы ныхмæ тохы  мингай  адæймагæн æрхаста зиан –  куыд  æнæниздзинады, афтæ  экономикон   цæстæнгасæй. ..

Фæлæ мæ  фæнды   алкæмæн зæгхын,   ма  тæрсут!  Паникæйæн ма бакомут!  «Ковид-19»-æн бафæразын  æмæ йæ  басæттын  æнцонæй ис гæнæн.   Иттæг нысаниуæгджын 2  къури нæм æнхъæлмæ кæсы,  ацы  тохы  æнæмæнгæй  хъуамæ  фæуæлахиз уæм, ацы   тохы  фæстæмæ алæуд гæнæн  нæй.  31 октябры   иумæ басæтдзыстæм  ковид-инфекци  æмæ Бæллиццы   хицауад дæр.

მოგესალმებით მეგობრებო, ჩემს თანამებრძოლებს, ლელოელ თანაგუნდელებს და ქართულ საზოგადოებას მინდა მოგაწოდოთ ინფორმაცია,…

Posted by მამუკა ხაზარაძე Mamuka Khazaradze on კვირა, 18 ოქტომბერი, 2020