Мамука Бахтадзейы  парламенты ралæууд  æргъæвд æрцыд
Мамука Бахтадзейы парламенты ралæууд æргъæвд æрцыд

Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзейы  парламенты ралæууд  æргъæвд æрцыд.

Уый тыххæй,  абон бюройы  рабадтыл   райхъусын кодта парламенты   сæрдар Арчил Талакъвадзе.

Талакъвадзе  куыд банысан кодта афтæмæй,   уæвæг  уавæры  нæ  уыдзæн гæнæн  хицауады  хыгъдлæвæрды  æмбæлонæй   æркæсын.

Премьеры  парламенты  ралæуды   датæйы фæдыл уæлæмхас  консультауитæ  ацæудзæн.  Æппæрст нæу уый, æмæ Мамука Бахтадземæ, байхъусый  уæлрадон рабадтыл.

Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзейы  парламенты абон хицауадон программæйы сæххæсты  цыды  фæдыл  фыццаг  æрвылазон  раныхасæй   хъумæ рацыдаит.   Документ 212  фарсджын у. Раныхасы  дзырдæуы бæстæйы  æддагон политикъæйыл,  æдасдзинадыл æмæ  хъахъхъæнынадыл. Афтæдæр   экономикон   процесстыл, ахуырады  сферæйы æмæ адæймаджы барты  хъахъхъæды  цæстæнгасæй   сæххæст  реформæтыл.