Мамука Бахтадзейы официалон визит Беларусмæ райдыдта (фото)
Мамука Бахтадзейы официалон визит Беларусмæ райдыдта (фото)

Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзейы официалон визит Беларусмæ райдыдта.

Премьер-министр Минскы æппæтдуноен аэропорты Беларусы вице-премьер Владимир Дворник фембæлд.

Премьер хицауады уæнгтимæ иумæ, дыгкæгæм дунейы хæсты мардгондты номæн кад скодта. Мамука Бахтадзе 1941-1945 азты фашизмы ныхмæ тохгæнæг хъайтарты мемориалмæ дидинджытæ бахаста.

Премье-министры пресс-центры информацийæ, плангонд хицауады сæрдары фембæлд Беларусы президент  Александр Лукашенкойыл.

Визиты фæлгæтты плангонд у дыууæ бæстæйы премьер-министрты комкоммæ фембæлд, кæцы уый фæстæ дыууæ бæстæйы хицауады уæнгты ауæрæхгонд форматы адаргъ уыдзæн. Фембæлды фæстæ Мамука Бахтадзе æмæ Сергей Румас иумæйаг расидæнтæ сараздзысты.