Мамука Бахтадзе – Тынг хъал дæн, 2023 азы  Гуырдзыстон кæй  сфысым кæндзæн Дунейы Чемпионатæн фристайлы
Мамука Бахтадзе – Тынг хъал дæн, 2023 азы Гуырдзыстон кæй сфысым кæндзæн Дунейы Чемпионатæн фристайлы

Абон къухбафыст æрцыд  иттæг нысаниуæгджын контракт, кæцымæ гæсгæ  дæр, ацы  аив  ран  сараздзыстæм æртæ  ног  рæтæн  фæндаг – уый  фæдыл  Гуырдзыстоны паремьер-министр  Мамука Бахтадзе, Бакурианы   райхъусын кодта.

Хицауады сæргълæууæг куыд загъта  афтæмæй,   æртæ ног рæтæн фæндаг Бакурианы, Дидвелийы  алфæмбылай территорийыл, къахдзоныгътæй æмæ сноубордæй  сæрибар стилæй   бырыны  2023 азы  Дунейы  Чемпионатмæ  сырæздзæн.

«Куыд хуымæтæг   гуырдзиаг,  тынг  хъал дæн, цæмæй  Гуырдзыстон 2023  азы   сфысым кæндзæн  дунейы  чемпионатæй  фристайлы. Ай  у  егъау  уæлахиздзинад  æмæ  иурæстæгонæй   стыр бæрн.   ХЪуамæ загъдæуа  уый дæр, цæмæй  ай нысан кæны  стыр æууæнк, кæцы нæм равдыста  æхсæнадæмон къахдзоныгъон спорты федераци.  Фæнды  мæ  ацы  æууæнкы  тыххæй  стыр бузныг сын зæгъон.  Ацы рæстæджы,  ацы  æууæнкæй  бæрæг у, цæмæй  нæ  æхсæнадæмон партнертæ разы  сты,уыйимæ æмæ Гуырдзыстонæн  ис раст, эффектджын  æмæ  нысаныл ориентиргонд  стратегий,  нæ зымæгон курортты  райтынг кæнынæн. Цæй  зæгъын æй хъæуы,   æрмæст инфраструктурæйы  райтынг кæнын æгъгъæд нæу, цæмæй  Гуырдызстон суа  æнтыстджын  зымæгон курортты  бæстæ.   Уый тыххæй  æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй райрæзын кæнæм Гуырдзыстоны  тыххæй  зонындзинад. Тынг  цыин мын у,  цæмй   фæстаг 4  азы дæргъы   сфæрæзтам  æмæ дыууæ  хаттонæй райрæзын кодтам туристты   къада  нæ  зымæгон курорттæм.  Уый тыххæй,  нæ хицауадæен   уæлхох  æмæ  зымæгон курортты  райтынг кæнын у  сегасæй  сæйраг  приоритет.  Ай  нысан кæны,ц æмæй  хъуамæ сæххæст кæнæм    масштабон инвестицитæ, цæмæй нæ курорттæ  уой  бæрзонд стандарттæм æмбæлон» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Премьер-министры  дзырдæй,   контрактыл  къух бафыст цæуы  дунейы  акæнæг компани  «Допельмайер-Гаравента къордимæ».

Афæтма  премьеры ныхæстæм гæсгæ,  зымæгон  курортты  инфраструктурæ  райтынг кæнын нысан кæны  фылдæр турист  æмæ фылдæр  куыст бынат Бакурианы.

«Нæ территориты дыууæ æртыккаг  хай  у  хохджын  æмæ  уый  у  стыр хæзна,  кæцы нæм ис æмæ йыл  сæрмагондæй аудын хъæуы.  Цалдæр боны размæ  дзыллæйæн фехъусын кодтон, цæмæй  нæм ис бирæ  амбицион  рард æмæ  Гуырдзыстоны олимпион комитет  сарызта  куырдиат,  цæмæй  сфысым кæнæм  2025  азы  Олимпиадæйæн  æвзонгты æхсæн.   Ай  у  тынг амбицион  куырдиат, кæцы уый амонæг у, цæмæй  уыдзæн егхъау бæрн махæн,  фæлæ йæм цæттæ стæм,  цæмæй  ацы нысанмæ бахæццæ уæм.   Æмтгæй  райсгæйæ 2023 азы дунейы чемпионат Фристайлы æмæ  2025  азы   зымæгон  олимпиадæ  æвзонгты  æхсæн,  уыдзысты иу сæйраг нысанæй,  цæмæй  мах  райсæм фæлтæрддзинад æмæ сфысым кæнæм  зымæджы  олмпиадæйæн.  Уырнæг дæн, цæмæй   уый  хъом  бауыдзыстæм.  Гуырдзыстон æмæ  Гуырдзыстоны  адæм уый  аккаг сты. Æз уырнæг дæн, цæмæй  ацы ерыстæн сфысым кæныны  фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны  тыххæй   ноджы  иу  хатт базондзысты, иуæй-иу сеппæтæй  хуыздæр   зымæгон курорттæ  йæм кæй  ис ахæм бæстæйæ. Ноджы уын иу  хатт рафæ  кæнын  дунейы  чемпионаты  фысымы с татус æмæ уын æнтыстытæм æрцæуын кувын» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе  Бакурианы уагъд мадзалыл дзырдæй ралæуды рæстæджы.