Мамука Бахтадзе - Стыр трагеди нæ æрыййæфта, тæфæрфæс кæнын алкæмæн

Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе абон, Тбилисы, Диди Дигъомийы  æрцæугæ  трагедийы  тыххæй, æппæт бæстæйæн тæфæрфæс ракодта.  Уый журналисттимæ ныхасы  комментари  сарызта  Иашвилийы номыл клиникæйы цы ран  абæрæг кодта  фæцæфуæджыты.

«Стыр  трагеди нæ æрыййæфта,  фæмард  цыппар адæймаг, сæ нымæцы иу,  гыццыл  сывæллон.

Фæнды мæ  тæфæрфæс ракæнын  ацы  трагедийы  тыххæй  алкæмæн.  Иашвилийы  клиникæйы   æхсæз  гыццыл   пациентæн хос кæным. Сæ  уавæр у  стабилон, æмæ сæм тас не  æртъхъирæн кæны.

Ахсæвы  дæргъы  сæм дохтыртæ  сæ хъус бадардзысты  æмæ уый фæстæ, сæумæрайсомы  ахицæн кæндзысты  сæ бинонтæм æрыздæхын» – райхъусын  кодта Мамука Бахтадзе.