Мамука Бахтадзе – Спайда кæндзыстæм алы гуырæнæй, кæцæй дæр Тъхъибулы шахтæйы кусæг адæм мызд райсдзысты
Мамука  Бахтадзе – Спайда кæндзыстæм алы  гуырæнæй,  кæцæй дæр Тъхъибулы шахтæйы кусæг адæм  мызд райсдзысты

Экономикæйы министр кусы  компаниимæ  æмæ   уыцы  адæймæгтæ, чидæриддæр Тъхъибулы  шахтæйы   куыстой,    райсдзысты   мызды  хуызæй  компенсаци – уый фæдыл Гуырдзыстоны   премьер-министр  Мамука Бахтадзе  райхъусын кодта.

Фарстайыл  суммæ паддзкахадон  бюджетæй   рауæлдай  кæндзысты æви нæ Бахтадзе  дзуапп ратта  цæмæй,   суммæ  цыфæнды  гуырæнæй   рауæлдай  уыдзæн.

«Сæйраг у  уый æмæ æнæмæнгæй  райсдзысты   мызды  æфтиаг,  цы  сæм æмбæлдис  уый.  Цыфыæнды амæлттæ  цыфæнды гуырæнæй,  мах хъуамæ спайда кæнæм  уый тыххæй» – загъта Мамука Бахтадзе.

Премьер-министр  абон райхъусын кодта,  цæмæй  ист æрцыд уынаффæ,  Минделлийы номыл  шахтæйы  æрыхгæныны  фæдыл.   Сæ информацийæ,  шахтæ  куыст не с ног кæндзæн  цалынмæ фæдагуырд  цæудзæн .

Гуырдзыстоны   премьер-министры  барамындæй, Тъхъибулийы  шахтæйы   æрцæугæ  трагедимæ  гæсгæ, 16  июлбь  фыдохы бонæй   расидтæуыд.

Минделлийы  шахтæйы абон сæумæрайсом  трагеди æрцыд.  Цауы  амæттаг фесты  4  адæймаг. Ноджы æхсæз та  зиæнттæ райстой.   МХМ-ы  куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,   фæдæвзарæны  фыццагон   информацийæ,   Минделлийы   шахтæйы  иуæй-иу  тунеы  æнхъæлцау  метаны  стынды  фæстиуæгæн  къулты деформацийы тыххæй  æркалдис цар.   Фактыл фæдæвзарæн  райдыдта  Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 240-æм статийы  дыккаг  хайæ.

Тъхъибулы  шахтæйы бардарæг у  компани «Сакнахшири». Шахтæйы трагеди  цæугæ азы  5  апрелы  дæр æрцыд.  Уæд   цауы  фæстиæгæн 6  адæймаг  фæмард.