Мамука Бахтадзе – Сидын нæ абхазаг æмæ ирон æмбæстæгтæм, Гуырдзыстоны  фидæн, нæ  зæрдыл дарæм æрмæстдæр сымахимæ иумæ
Мамука Бахтадзе – Сидын нæ абхазаг æмæ ирон æмбæстæгтæм, Гуырдзыстоны фидæн, нæ зæрдыл дарæм æрмæстдæр сымахимæ иумæ

Уырнæг   дæн,  сымах  иузæрдыгæй æмæ  сæруæлдайæ  хъахъъæндзыстут  Гуырдызстоны интерестæ æмæ   гуырдзиаг  хæстоны  намысджын номы иузæрдыг уыдзыстут  – афтæ баздæхт  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука  Бахтадзе   рекруттæм æмæ  ногсидтонтæм, кæцытæ абон  æфсæддон ард бахордтой.

«Арфæ  кæнын   æппæт Гуырдзыстонæн  æмæ  уын арфæ кæнын  Хæдбардзинады бон –  сеппæтæй   стыр  националон бæрæгбон!   Арфæ  кæнын  алкæцы  æмбæстагæн,  нæ эмигранттæн, алкæмæн, кæмæндæриддæр 26 май  зынаргъ у» – райхъусын кодта премьер-министр.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстоны  хицауад   райдыдта  æфсæддæттæн   æмæ  сæ  бинонтæн  æфсæддон  сахары  арæзтад  Тбилисы æмæ   Бахтадзе куыд райхъусын кодта афтæмæй,    ахæм программæтæ    ноджы  фæтыхджындæр уыдзысты   зæгъгæ.

«Гуырдзыстонæн ис   бирææнусон  истори.  Ацы истори  у   хæцыны  истори,  хæст сæрибардзинадæн  æмæ  уырнынадæн,   нæ  традицитæн,   нæ хæдбындурдзинад бахъахъхæнынæн,   уыцы  хæзнаты  хъахъхъæнынæн,   кæцытæ  нæ  иумæйаг Европаг  цивилизаци   сæвзæрын кодтой.

Ратсдæр  уый  тыххæй,   нæ  европаг æвзæрст –  нæ  историон æмæ цивилизацион   æвзæрст у,  кæцы  сæвзæрдис, гуырдзиаг  нацийы  сæруæлдай  тохæй  æмæ кæцы  ссис   Гуырдзыстоны Фыццаг демокративон   республикæйы  сæвзæрды бындур.

Мæ  хæлæрттæ,  абон уыцы   республикæйы гуырæн бон,  кæцыйæн йæ уæвындзинад Гуырдзыстонæн, нæдæр æддæ  занг æмæ нæдæр   мидæггаг  нæ  æбарстой.  Абон нын ис   демокративон, сæрибар, европаг  типы   паддзахад, кæцы  растдæр  уыцы хæзнатыл   æнцой  лæууы, 100  размæ  кæцыты   фидар  кодта Фыццаг Республикæйы фæлтæр.   Мах райгонд стæм алкæмæй,  чидæриддæр  ацы  бæстæ  ай æнгты  æрбахæццæ кодта.

Мах бирæ  рыстытæ бавзæрстам сæрибардзинады тыххæй,  иудзинады тыххæй  æмæ  алы хæст йæ  хъайтарты фæбæрæг кодта! Гуырдзиаг адæм  никуы  ферох кæндзæн   фыдыбæстæйы  иузæрдыг  хъæбулты, кæцытæ сæ цард снывонд кодтой  нæ  фыдыбæстæйы  намысæн –  Жиули Шартава, Зураб Иараджули, Заза Дамениа, Гиорги Анцъухелидзе  æмæ   нæ   алы хъайтары  ном, æнустæм  бацæудзæн  нæ   бирææнусон историмæ,  æмæ  фидæны фæлтæртæ  хъомыл кæндзысты  сæ  дæнцыл.

Мæ хæлæрттæ, нæ   тох    сæрибардзинады, сабырдзинады æмæ хуыздæр фидæны тыххæй  абон дæр  даргъ кæны» – банысан кодта премьер.

Мамука Бахтадзе, абхазаг æмæ ирон   æмбæстонтæм  дæр æрсидтис æмæ  райхъусын кодта, цæмæй  зæгъгæ  «Гуырдзыстоны  фидæн, нæ  зæрдыл дарæм æрмæстдæр сымахимæ иумæ».

«Ацы бæрæгбон мæ фæнды, нæ  абхазаг æмæ ирон æмбæстонтæн  зæгъын  æмæ раарфæ кæнын  нæ  иумæйаг фыдыбæстæйы   хæдбардзинады бон!.  Ай у уыцы бон, кæцы нæ  алкæй   хъуамæ  иу кæнид!

Нæ  фыдæлтæ  фæрсæй-фæрстæм  хæцыдысты нæ иумæйаг фыдыбæстæйы  сабырдзинады æмæ  дзæбæхдзинадæн æмæ фæнды  зæгъын уын, цæмæй   сымахæй  алкæй рыст у Гуырдзыстоны  рыст æмæ Гуырдзыстоны  алкæцы æнтыст та у  сымах  æнтыст!  Мах Гуырдзыстоны  фидæн, æрмæст смыахимæ иумæ  дарæм нæ  зæрдыл!.

Гуырдзыстоны алкæцы æмбæстагы  мидæг  цæры  нæ  бирææнусон  истори æмæ  иурæстæгонæй,  Гуырдзыстоны алы  æмбæстаг  аразы  нæ фыдыбæстæйы  фидæн!

Æрмæст рæзынадæй æмæ сабырадæй, сæруæлдай  куыстæй  æмæ  æмуддзинадæй, фыдыбæстæйы  уарзтæй  æмæ  нæ  националон идея-  ахуырадæй,  мах фæтых  уыдзыстæм   мæгуырдзинадыл!  ФÆтых уыдзыстæм оккупацийыл æмæ  сараздзыстæм  иууон  æмæ  фидар паддзахад!.

Абон 26 майы,  махимæ иумæ  бæрæгбон кæнынц  нæ бæстæйы хæлар бæстæты минæвæрттæ æмæ  мæ фæнды  зæгъын  æхсæнадæмон дзыллæйæн, цæмæй   æнæмæнгæй  æрлæудзæн  уыцы  бон,   Æппæт Дуне  ноджы иу  хатт  куы  ссардзæн   сеппæтæй   ахуыргонд,  æмуд,   сабыр, иууон æмæ  фидар Гуырдзыстон!  Ноды уын иу хатт   арфæ кæнын  алкæмæн гуырдзыстоны  Хæдбардзинады бон!  Ай  мах  бон у!  Кад Хъайтартæн!  Хуыцауæй  фæдзæхст уæнт Гуырдзыстон!» –  райхъусын кодта  Мамука Бахтадзе.