Мамука Бахтадзе - Сæрыстырæй  мæ фæнды  банысан кæнын, цæмæй  абон   ацы  ахастытæ  историон нысаныл   лæууынц
Мамука Бахтадзе - Сæрыстырæй мæ фæнды банысан кæнын, цæмæй абон ацы ахастытæ историон нысаныл лæууынц

Нæ  сегасæй  сæйраг рард  уыдис,  гъдæй  бæрзонддæр æмвæзадмæ  скодтаиккам ахастытæ  АИШ-имæ, Евроцæдис æмæ НАТО-имæ  æмæ  равдыстаиккам Гуырдзыстоны  фæтыхджындæргонд  стратегион роль регионы; Сæрыстырæй  мæ фæнды  банысан кæнын, цæмæй  абон   ацы  ахастытæ  историон нысаныл   лæууынц – уый  фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе социалон хызаг «Фейсбукыл»  ахæлиугонд фидиуæны   дзуры.

Мамука Бахтадзейы   фидиуæнæй,   бæстæйы   æхсæнадæмон позицитæ  афтæ фидар никуы уыдысты  æмæ  уымæн хъæуы  сæрмагонд бацауæрдын æмæ  фæстæдæр  фæфидардæр кæнын.

«Евроинтеграци – ай нæу æрмæст нæ  политикъон  барæвзар,  арæх  политикътæ  куыд  æнхъæлынц,  Евроинтеграци у  нæ  нацийы   цивилизацион  æвзæрст.  Абон мах  стæм Евроцæдисимæ ассоциацигонд уæнгтæ,  ис нæм Евроцæдисимæ арф  æмæ æппæтылæххæссæг   сæрибар базарадон тыгъдады  фæдыл бадзырд (DCFTA), визалиберализаци,  кæцы  комкоммæ   æмæ  рахатинаг  фæстиуджытæ æрхаста  нæ  адæмæн.  Гуырдзыстон абон  у уымæй хæстæг дæр Европæмæ, раздæр куыд никуы  уыдис, афтæ», –  хъусын кæны Мамука Бахтадзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  партнертæ  иууылдæр æмхъæлæсонæй  разы  сты, цæмæй  Гуырдзыстон у  лидер паддзахад  Скæсæн партнерады  бæстæты æхсæн.

«Уæдмæ,  цалынмæ  Гуырдзыстон суыдзæн Евроцæдисы  уæнг,   Гуырдзыстоны Европæимæ  фактон  интеграцийы   сеппæтæй хуыздæр   механизмæй  нымайын  Гуырдзыстоны Европаг экономикон тыгъдады  уæнгсуæвын (European Economic Area)», – хъусын кæны Мамука Бахтадзе.