Мамука Бахтадзе – Президенттæм кандидаты фæдыл партий мидæг цæу æнæ æрмæст коммуникаци, фæлæ ма зæгъæн ис дискусси дæр
Мамука  Бахтадзе – Президенттæм кандидаты фæдыл  партий  мидæг  цæу æнæ æрмæст коммуникаци, фæлæ ма зæгъæн ис  дискусси дæр

Дзыллæ  зоны, цæмæй  «Гуырдзиаг  Бæллиццы» ис  бирæ  аккаг   канидадты, кæцытæ  æнæ проблемæйæ  райсдзысты  хорз  фæстиуæг кæцыфæнды æвзæрстытыл –  райхъусын кодта Гуырдзыстоны   премьер-министр Мамука Бахтадзе  президенттæм кандидаттыл  ныхасы рæстæджы.

«Мах цалдæр хатт   загътам,  цахæм у нæ  ахаст,  æмæ ноджы иу хатт  зæгъын,  нæ цæст дарæм фæзындты цыдмæ, кандидаттæм, кæцытæ сæхи регистрацийы ауадздзысты  æмæ уымæ гæсгæйæ рахæсдзыстæм уынаффæ.  Мах афтæдæр дзырдтам  цæмæй  нæ  къорды  мидæг  коммуникацийæ  уæлдай дæр зæгъæн ис  æмæ нæм дискусситæ дæр  фæцййы» – банысан кодта хицауады  сæргълæууæг.

Сæйрмагондæй  та  Мамука  Бахтиадзейы ныхæстæм гæсгæ,  партийы мидæг ацы афонмæ  нæй  иу хъуыды – раразмæ  кæной сæрмагонд кандидаты æви нæ.

«Гуырдзиаг Бæллиццы» философи у   – Гуырдзыстоны   парламентон  демократийы  æмæ  республикæйы арызт, уымæ гæсгæ дæр, ацы  дыууæ позицимæ дæр партийы миæдг ис сæрмагонд  аргументтæ –  уый тыххæй  цуæмæй  нæм парламенты конституцион фылдæры хай ис,  вæццæгæн нæ демократийы  рапарахатæн хуыздæр уайид  президентон æвзæрстыты  хайад райсыныл бынтон нæйы  куы зæгъæм уый.  Фæлæ иннæ рдгæй,  цæй зæгъын æй хъæуы ис позици,  цæмæй   парти æнæмæнгæй  хъуамæ  раразмæ кæна сæрмагонд кандидаты  ацы  æвзæрстыты.  Мах  фæзындтæм  нæ  цæст бадардзыстæм  æмæ  рахæсдзыстæ  æмбæлон  уынаффæ» – райхъусын кодта  Мамука Бахтадзе.