Мамука Бахтадзе - Премьер-министры   рангы фыццаг визиты бынатæй Брюссель сывзарын  логикон уыд
Мамука Бахтадзе - Премьер-министры рангы фыццаг визиты бынатæй Брюссель сывзарын логикон уыд

Премьер-министры   рангы фыццаг визиты бынатæй Брюссель сывзарын  логикон уыд –  уцый фæдыл  Гуырдзыстоны   премьер-министр  Мамука Бахтадзе,  Брюсселы  европаг   советы  президент Донльд Тускимæ  фембæлды фæстæ,  иумæйаг  фидиуæнты  рæстæджы   банысан кодта.

Уый Дональд Тускъæн  бузныг  загъта  æмæ   Евроцæдисы æмæ Гуырдызстоны  интеграцион процессы  фæтыхджындæр кæныны  йæ  хайбавæрд банысан кодта.

«Фæнды мæ бузныг зæгъын президен Дональд  Тускъæн хъарм  фысымдзинады  тыххæй.  Мах бæрзонд аргъ кæнæм  Евроцæдисы æххуысæн æмæ   сæрмагондæй  уæ хайбавæрдæн  Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны   интеграцион  процессы фæтыхджындæр кæныны.  Фæнды мæ  зæгъын,  цæмæй Гуырдзыстон ацы ф æндагыл  хъæддыххæй  ралæууыд» райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Европаг  советы президентимæ  фембæлдыл  æмкуысткæнынады  перспективæтæ   æркастысты.

« Фембæлды рæстæджы нæм уыд фадат,   аргъ скæнын  дыууæфарсон ахастыты боны фæтк æмæ   æркастаиккам  нæ æмахасты  æмæ æмгуыстады  фæарфдæр кæныны  перспективæтæ.  Ассоциацидзинады  бадзырдæй,  кæцы  арф æмæ æппæтылæххæссæг  сæрибар базарады  бадзырдмæ æххæссы,  нæ  закъондæттынады  æмæ   институцион  системæй  Евроцæдисы нормæтæм æмæ стандарттæм  æмбæлын кæнæм»-  загъта Гуырдзыстоны премьер.

ЙÆ аргълæвæрдæй,    уымæй сразæнгард сты хицауады  реформæйы  процесстæ,   кæцы  демократийы  æмæ   хæрзхицаудзинады, закъоны  сæйрагдзинады æмæ  стабилондзинады фæтыхджындæр кæныны æрдæм у.

«Арф æмæ  æппæтылæххæссæг  сæрибар базарады  бадзырды руаджы  æххæст кæнæм  экономикæйы  модернизаци  æмæ   цадæггай  интеграци кæнæм   Евроцæдисы  базаримæ.

Реформæтæ   фæстиуæгæн æрхастой  Евроцæдисимæ  базарады  æнæцудгæйæ  рæзынад,  кæцы Евроцæдисы  махæн скодта  сегасæй  ставддæр базарадон    партнерæй» – райхъусын кодта  Мамука Бахтадзе.

Премьеры  ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстон  тынг цырдæй  хуыздæр кæны  æхсæнадæмон рейтингтæ æмæ   хуыздæр бизнес æмæ инвестицион климат æвзæрын кæны.

«Æнæвизæ режим  æрхаста  комкоммæ  æнкъаргæ  фæстиуджытæ  не мбæстæгтæн.  Ахъаззаг уыд  хъуыддагджын,  академион, туристон, куыльтурон  цæдисты фылдæр фæфидардæр кæнынæн  нæ  дыллæты æхсæн№ – банысан кодта Мамука Бахтадзе.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы  æнтыстытимæ иумæ  ис  бæрн дæр,  кæцыйы Гуырдзыстон  æххæстæй  æмбары  æмæ исы йæхимæ.