Мамука Бахтадзе  парламентмæ,  фыццаг афæдзон  хыгъдлæвæрд  июны  кæронмæ хъуамæ  бавдиса
Мамука Бахтадзе парламентмæ, фыццаг афæдзон хыгъдлæвæрд июны кæронмæ хъуамæ бавдиса

Гуырдзыстоны премьер-министр, Мамука Бахтадзе  парламентмæ,  хицауады программæйы  сæххæсты  цыды  фæдыл  фыццаг афæдзон  раныхас  июны  кæронмæ хъуамæ  бавдиса.

Закъондæттæг   органæн   афæдзон раныхасы  бавдыст ног   регламентæй  у  бæлвырд,  кæцымæ гæсгæ дæр, раныхас  фысгæ  формæйæ парламентмæ  1-аг  июнмæ хъуамæ  бавдыстæуа.

Цыдæриддæр та  премьер-министры   раныхасæй ралæуды  рæстæг æмæ   форматмæ  æххæссы,    регламентмæ гæсгæйæ,    рæстæг премьеримæ разыгондæй    парламенты бюро   сбæрæг кæны,  хицауады  къухдавриуæггæнæджы  раныхасы фæуды  фæстæ та,  уагъд цæуынц  политикъон дебаттæ.

Раздæры регламенты  уавæрты, премьер-министр Закъондæттæг органмæ  фыстæй  формæйæ хыгъдлæвæрд бавдыстаит  сентябры.