Мамука Бахтадзе  официалон визитæй фæуазæг уыдзæн  Хъазахстанмæ
Мамука Бахтадзе официалон визитæй фæуазæг уыдзæн Хъазахстанмæ

Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе, Хъазахстанмæ  фыццаг официалон  визит райдайы.   Мамука Бахтадзе  бæстæйы сæйраг сахар   Нур-Султаны Хъазахстаны  президент,  премеьер-министр æмæ  сенаты сæрдаримæ фембæлдзæн.

Гуырдзыстоны æмæ Хъазахстаны æхсæн  цалдæр   документ бафидар уыдзæн,  уый нымæцы  хъæууон хæдзарады æмæ социалон-кусæн  сферæты  æмкуысткæнынады  фæдыл.

16 майы  Бахтадзе, Астанайы  12-æм  экономикон   форумы райсдзæн хайад.  Мадзалы  Хъазахстаны  фыццаг президент  Нурсултан Назарбаев  æмæ Æхсæнадæмон  Валютон Фонды  директор Кристин  Лагард  исынц  хайад.