Мамука Бахтадзе – Нысаниуæгджын у цæмæй Ангела Меркелы визит, политиконæй уæлдай ма, экономикон компоненттæм дæр æххæссы
Мамука Бахтадзе – Нысаниуæгджын  у цæмæй Ангела Меркелы визит, политиконæй уæлдай ма, экономикон компоненттæм дæр æххæссы

Раздзог  европаг  бæрзонддæр рангы  гæс  нæм кæй фæуазæг ис  уымæй ноджы иу хатт бæрæг у,  цæмæй  Гуырдзыстон Европæйæн  æцæгдæр  у æууæнкаг  æмæ  æнæфæсайгæ  партнер – Уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр  Мамука  Бахтадзе  хицауады  рабадты райдаыны размæ, Германийы  канцлер Ангела  Меркелы   Гуырдзыстонмæ  плангонд  визитыл ныхасы рæстæджы  рахъусын кодта.

«23  августы  Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн  Германийы   канцлер Ангела Меркел. Ай  у йæ фыццаг  официалон визит   Гуырдзыстонмæ.

Бæрзонд æвмæзады  визитæй бæрæг у Гуырдзыстон-Германийы  æхсæн  куындæг ахастыты  хъæд.

Нысаниуæгджын у, цæмæй  политиконæй  уæлдай,   ацы  визит хæлиу кæны экономикон  компоненттæ дæр,  Меркелимæ иумæ æрцæудзысты бизнес-зылдты  минæвæрттæ  дæр, кæцытимæ  нын уыдзæн  фембæлд  тымбыл фынгы форматы.  Нысаниуæгджын у,  ацы  фембæлдты  хайад кæй райсдзысты  гуырдзиаг  компанитæ дæр.

Визиты рæстæджы сæрмагонд хъусдард здæхт æрцæудзæн  Гуырдзыстон-Германийы  ахастыты  фæстæдæр  фæарфдæры, дыууæ бæстæйы  æзхсæн партнерон ахастыты æмæ  хæлардзинады  ноджы фылдæр фæфидар кæныны æрдæм.

Раздзог  европаг бæстæйы  бæрзонддæр рангы гæсы  визит,  ноджы иу  хатт  бæлвырд кæны, цæмæй гуырдзыстон Европæйæн  æцæгдæр  у æууæнкаг  æмæ æнæфæсайгæ партнер»,- райхъусын кодта  Мамука Бахтадзе.